Йерусалемы, автобусты лæууæнты  цур срæмыгъдты фæстиуæгæн, иу адæймаг амард æмæ 14 фæцæф сты
Йерусалемы, автобусты лæууæнты цур срæмыгъдты фæстиуæгæн, иу адæймаг амард æмæ 14 фæцæф сты

Йерусалемы, автобусы  дыууæ  лæууæны цур  срæмыгъдты фæстиуæгæн, иу адæймаг амард æмæ 14 фæцæф сты. Уый фæдыл  информаци, хъусын кæны  «ВВС».

Фыццаг стынд  Йерусалемы   æддагсыхы  уæвæг лæууæныл æрцыд, цы ран   рæмудзæн  гархæг  скуыста.  Фæстиуæгæн  11  адæймаг  фæцæф сты.  Иу адæймаг рынчындонмæ фæхæццæ   кæныны фæстæ æрбамард.

Дыккаг спырх æрцыд  горæты иннæ хайы. Фæцæф сты æртæ æмбæстаг.

Израилы  пъæлицæйы дзурынц, цæмæй стындтæ  гæнæн ис  палестинæгтæ   æрцæттæ кодтой.