Эпидемиологтæ, координацион советмæ тобæтæ сæвæрыны рекомендацитæ бавдыстой
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзейы фидиуæнæй, зæгъгæ координацион советмæ баздæхтысты рекомендацитæй, кæцытæ сæхъуыдыйы дарынц бæрæг бæрцæй тобæтæ сæвæрын.
Фæлæ Гамхърелидзейы дзырдæй, бæстæйы эпидемиологион уавæр куы фæфыддæрдæр уа, координацион советæй æрдомдзысты бирæ карздæр тобæтæ сæвæрын.
«Неизты контролы националон центр ацы фарстæты кæддæриддæр радикалондæр вæййы, мах бавдыстам рекомендациты ранымад, кæцыты æхсæн сæйраг у иу æрдгæй, иммунизацийы æмæ вакцинацийы максималонæй интенсификаци, фылдæр активондзинад, цæмæй нæхицæн низы ныхмæ хос бафтауæм, иннæрдгæй та бæрæг бæрцæй тобæтæ сæвæрын, фæлæ иурæстæгонæй цæрджытæ хъуамæ зоной, цæмæй эпидемиологион уавæр куы фæфыддæрдæр уа, уæд мах, низты контролы националон центр, бирæ карздæр тобæтæ сывæрыны рекомендацитæ бавдисдзыстæм координацион советмæ» – фехъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.