Энтони Блинкен – Венесуэлайаг адæмы  фæнд,  æвзæрстыты фæстиуджытæ  бæлвырд æвисынц,  демократон оппозицийы  кандидат, Эдмундо Гонсалес  сеппæтæй  фылдæр хъæлæстæ æрымбырд кодта
Энтони Блинкен – Венесуэлайаг адæмы фæнд, æвзæрстыты фæстиуджытæ бæлвырд æвисынц, демократон оппозицийы кандидат, Эдмундо Гонсалес сеппæтæй фылдæр хъæлæстæ æрымбырд кодта

Æвзæрстыты  бæрæггæгæнтæ  бæлвырд æвдисынц венесуэлайаг  адæмы  фæнд, демократон  оппозицийы  кандидат Эдмундо Гонсалес   хуыцаубоны  уагъд  æвзæрстыты сеппæтæй  фылдæр хъæлæстæ æрымбырд кодта.

Уый фæдыл АИШ-ы   паддзахадон нымæрдар  Энтони Блинкен  фыссы  социалон хызагы.

Йе дзырдæй, зæгъгæ Венесуэлайæгтæ схъæлæс кодтой   æмæ  сæ хъæлæстæ  хъуамæ  уа нымадмæ ист.

Уыимæ, АИШ-ы   паддзахадон   департаменты ахæлиугонд  Блинкены   фидиуæны, АИШ арфæ кæны Эдмундо Гонсалесæн   æнтыстжын кампанийы фæдыл.

Блинкены дзырдæй, зæгъгæ  ныр афон у   венесуэлайаг   партитæ  райдайæт  бадзырдтæ  сабыр  хизгæ   периоды фæдыл Венесуэлайы æвзарæнон закъондæттынады æмæ адæмы  фæндмæ  æмбæлгæйæ.

«Мах æххæстæй йæ фарс хæцæм   Венесуэлайы  демократон   нормæты  сногы процессæн æмæ  цæттæ стæм, æркæсæм нæ  æхсæнадæмон  партнертимæ  йæ  фæтынг кæныны фæндæгтæ», –   дзырдæуы  фидиуæны.

Венесуэлайы  ЦÆК   æвзæрстыты  уæлахизгондыл   архайæг президент Николас  Мадуройы  банымадта, кæцы  бæстæйы  протестон  рацыдтæ расайдта.