Энтони Блинкен Турк æмæ Венгримæ сиды, куыд гæнæн ис афтæ тагъд ратификаци скæной Швецийы НАТО-йы уæнгсуæвыны фæдыл документы
АИШы паддзахадон нымæрдар Энтони Блинкен Турк æмæ Венгримæ сиды, куыд гæнæн ис афтæ тагъд скæной Швецийы НАТО-йы уæнгсуæвыны документы ратификаци. Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ нæй æфсон, кæцы тыххæй дæр ис гæнæн ацы процесс фæкуылымпы кæнын.
«НАТО-йы уæнгсуæвынæй Швеци исы йæхимæ хæс алы æндæр æмцæдисоны æдасдзинадыл. Ацы хæсистмæ йæ зæрдæ макæмæ хъуамæ бахсайæд. Kæй зæгъын æй хъæуы, алы æндæр æмцæдисон дæр уыдзæн бæрнон Швецийы æдасдзинады. Дарддæр кæнæм кусын, цæмæй кæронмæ бакæнæм Швецийы уæнгсуæвыны процесс уыцы рæстæгмæ, цалынмæ лидертæ æрымбырд уыдзысты Вильнюсы НАТО-йы саммитыл», – банысан кодта Блинкен Швецийы премьер-министр Ульф Кристенсонимæ иумæйаг пресс-конференцийыл.
Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъаны дзырдæй, Швеци НАТО-йы уæнгсуæвынмæ цæттæ нæу. Уый Швецийы хицауады туркаг оппозицион партиты минæвæрттæн хиæмбæхсæн раттыны зылынджын кæны.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, турк рæстагæй раздæхта йæ хъусдард æдасдзинады фарстатæм, кæцыты алыг кæнынæн Швеци æмæ Финлянди нысаниуæгджын къахдзæфтæ сарызтой. Уый тыххæй хъуыды кæнын, Турчы сгуыхтдзинад у, кæй бафæрæзта НАТО-йы альянсы фокусир кæнын ацы мæтæгфтауæг фарстатыл. Фæлæ Швеци æмæ Финляндийы сгуыхтдзинад у, кæй райстой конкретон мадзæлттæ ацы фарстаты ахыг кæнынæн Иугонд Штатты перспективæйæ», – бафтыдта АИШ-ы паддзахадон нымæрдар.
Блинкены дзырдæй, зæгъгæ Иугонд Штаттæ æмцæдисонтимæ иумæ, цæттæ у, баххуыс уа Швецийæн æдасдзинады фарстаты проблемæтæ алыг кæныны, кæцыфæнды рæстæджы, бæстæйы реалон статусмæ гæсгæ.