Энтони Блинкен Молдовæйæн украинаг лигъдæттæ райсынæн арфæ кны æмæ загъта, цæмæй АИШ бæстæйæн бахухыс уыдзæн гуманитарон фарстатæ алыг кæныны æрдгæй
Хурыскæсæн Европæмæ турнэйы фæлгæттыАИШ-ы паддзахадон нымæрдар Молдовмæ ныццыдæмæ бæстæйы къухдариуæгадæн, украинаг лигъдæттæн райсынæн бузныг загъта.
Энтони Блинкены дзырдæй, зæгъгæ АИШ Молдовæйæн баххуыс уыдзæн гуманитарон фарстатæ аскуыддзагы.
«Президент Сандуйæн куыд загътон афтæмæй, Молдовæ бузныгы аккаг у Дунейæ , украинаг лигъдæтты райст æмæ хъахъхъæныны тыххæй. Æмæ куыд премьер-министр, президент, фæсарæн хъуыддæгты министр æмæ æз фæныхас кодтам уымæ гæсгæйæ, АИШ-æ алцыппæт сараздзæн, цæмæй баххуыс уа Молдовæйæн, уымæн æмæ уый ауды уыцы адæймæгтыл, кæцытæ бирæ фыдæбонтæ бавзæрстой. Нæ администраци Конгрессæй æркуырдта, 2,75 миллиард доллары æнæаргъæвгæ æххуыс, гуманитарон æххуыс, куыд Украинайы мидæгæй æххуыс домæг адæймæгты æмæ цæрæн рæтты хъæуындзинæдтæ сыххæст кæннæн, афтæ ахæм бæстæтæн æххуысы тыххæй, цахæмдæр у Молдовæ – лигъдæттæн æххуыс æмæ гуманитарон кризис алыг кæнынæн Украинайы æддæйæ» – банысан кодта Энтони Блинкен.
Йæхиæрдгæй Молдовæйы президент, майя Санду райхъусын кодта, цæмæй арæнгонд æфтиагмæ нæксгæ, Молдовæ нæйы нæ зæгъдзæн лигъдон цæрджытæн, кæцыты нымæцы сæ фылдæр сты сылгоймæгтæ, сывæллæттæ æмæ карджытæ. Майя Санду æхсæнадæмон дзыллæмæ æрсидтис баххуыс кной Молдовæйæн ацы æрдгæй.
Уæвæг бæрæггæнæнтæй, хæстон архæйдтыты радйайæнæй Молдовæмæ 230 000-æй фылдæр украинаг лигъдон ныццыд.