Энтони Блинкен хъусын кæны, цæмæй Суданы АИШ-ы дипломатон  автоколоннæйы æхст бакодтой, фæлæ ничи фæцæф ис
Энтони Блинкен хъусын кæны, цæмæй Суданы АИШ-ы дипломатон автоколоннæйы æхст бакодтой, фæлæ ничи фæцæф ис

АИШ-ы  дипломатон  автоколоннæйыл Суданы æхст райдыдтой, фæлæ ничи фæцæф ис – уый фæдыл  АИШ-ы паддзахадон нымæрдар  Энтони Блинкен  фехуъсын кодта.

«Знон Америкаг  дипломатон  колоннæйыл райдыдтой æхст, алчи æдасæй  æмæ æнæзиан   сты», – райхъусын кодта Блинкен. Уый бырсты, «æнæзонд, æнæбæрнон æмæ  тæссаг» схуыдта  æмæ  загъта, цæмæй  цæуы фæдагуырд.

Блинкены дзырдæй,   зæгъгæ уый телефонæй  фæныхас кодта   ацы сæумæрайсом  Суданы æфсады æмæ    æфсæддонгомау  «Цырд æххуысы  тыхты»  сæргълæуджытимæ  æмæ сæм 24 сахатæй  æхст  фæуромынмæ æрсидтис.

Урс Хæдзары  националон æдасдзинады  советы  стратегион   коммуникациты  къухдариуæггæнæг   Джон Кирби  та  фехъусын кодта, цæмæй  ныр   нæ план кæны  америкаг   персоналы эвакуаци Суданæй  æмæ алы  америкагмæ æрсидтис, цæмæй  ситуацимæ «æххæст бæрнон»  ахаст дарынмæ.

Уæдмæ  ахæлиу ис информаци, цæмæй  Евроцæдисы минæвармæ йæ  хæдзармæ Суданы сæйраг горæт   Хартуны  балæбурдтой.  Уыимæ  Айдан  Охара  бырсты фæтсиуæгæн зиæнттæ   нæ райста.

Суданы  цалдæр бон у бæстæйы æфсады æмæ  æфсæддонгомау   «Цырд æххуысы  тыхты»   æхсæн быцæуæмбæлдтæ  цæуынц. Хæстон архæйдтыты фæстиуæгæн    мард сты 185  адæймаг, 1800-йæ  фылдæр та фæцæф сты.  Сæйраг горæт Хартуны  уæлдæфон  хафтытæ  цæуынц æххæст, фарсытæ  архайынц  уæззау хæстæрмæгæй.