Энтони Блинкен хъусын кæны, цæмæй АИШ уыны тынг уырнинаг бæлвырдгæнæнтæ, Уæрæсейы æрдгæй сабырадон цæрджыты ныхмæ барæй бырстыты фæдыл
Энтони Блинкены фидиуæнæй, АИШ тынг уырнинагыл нымайы бæлвырдгнæнтæ Уæрæсейы æрдгæй сабырадон цæрджыты ныхмæ барæй лæбурды фæдыл. Фæнысангонды фæдыл АИШ-ы паддзахадон нымæрдар «CNN»-æ интервьюйы рæстæджы.
«Мах федтам тынг уырнинаг бæлвырдгæнæнтæ сабырадон цæрджыты нхмæ барæй бырстыты фæдыл, кæцы у æфсæддон фыдракæнд. Тынг уырнинаг информаци нæм æрхæццæ ис бæрæг типы хæцæнгарзæйпайда кæныны фæдыл. Ныр мах æмбырд кæнæм документаци æмæ æркæсдзыстæм алцыппæт, цæмæй баххуыс уæм адæймæгтæн æмæ организацитæн кæцытæ иртасынц сыххæстфыдракæнд кæнæ цæугæ æфсæддон фыдракæндтæ» – райхъусын кодта АИШ-ы падзахадон нымæрдар.
Уимæ ма «ВВС»-ы информацийæ, Энтони Блинкен, кæцы Молдовæйы Республикæйы уыди визитæй, райхъусын кодта, цæмæй АИШ активонæй кусы цæмæй Украина хæстон хæдтæхджытæ райса. Йæ дзырдæй зæгъгæ Польшæмæ ис советон хæдтæхджытæ «Миг -29» авикунæггæнджытæ, кæцытæй архайынæн украинаг пилотты ногæй бацæттæ кнын нæ хъæуы. Медиа куыд фыссы афтæмæй, АИШ- советон рауагъды авиакуынæггæнджыты бæсты, гæнæн ис Польшæйæн «Эф-16» типы авиакунæггæнджытæ ратта.
«Æмгъуыдтыл ныхас кæнын мæ бон нæу, æрмæст зæгъдзынæн, цæмæй мах тынг активон тæрхон кæнæм ацы фарстайыл. Æркæсдзыстæм хæдтхджыты фарста дæр, кæцы Польшæйæн йæ бон у ратта Украинайæн æмæ хъуыды кæнæм, куыд сын бафидæм компенсаци Польшæйæн ацы хæдтæхджыты тыххæй» – загъта Блинкен Молдовæмæ визиты рæстæджы.