Энтони Блинкен – АИШ-ы номæй,  арфæ кæнын гуырдзиаг адæммæ Хæдбарады боны фæдыл, ноджы иу хатт бæлвырд кæнын иузæрдыгдзинад  гуырдзиаг адæмимæ æмæ Гуырдзыстоны фидæнимæ
Энтони Блинкен – АИШ-ы номæй, арфæ кæнын гуырдзиаг адæммæ Хæдбарады боны фæдыл, ноджы иу хатт бæлвырд кæнын иузæрдыгдзинад гуырдзиаг адæмимæ æмæ Гуырдзыстоны фидæнимæ

Гуырдзиæгтæн  ацы  нысаниуæгджын боны æз ноды иу  хатт бæлвырд кæнын   Аьерикæйы Иугонд Штатты   хъæддых  хæсист, баххуыс уа  Гуырдзыстонæн, сараза æдас, дидинæфтыд  Ервопаг   демократи, кæцы  йæ  æмбæстæгты  стыр фылдæры хайы фæнды æмæ  кæцыйы аккаг сты афтæ  тыхджын, – уый фæдыл  дзырдæуы  АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар  Энтони Блинкены   фидиуæны.

«АИШы номæй, арфæ кæнын гуырдзиаг адæмæн  Хæдбарады боны фæдыл. Нæ дыууæфарсон ахастыты 32  азы дæргъы Америкæйы  Иугонд Штаттæ равдыста  æнæфæцудгæ иузæрдагдзинад Гуырдзыстоны демокративон, дидинæфтыд фидæнимæ æмæ уыдис Гуырдзыстоны суверенитеты  æмæ æнæхъæндзинады  иуæй-иу  сеппæтæй фидар фарсхæцæг.  Мах хъал стæм, цæмæй  йæ  фарс хæцæм   тыхархайдæн  Гуырдзыстоны  экономикæйы,  демократийы æмæ уырыссаг  агрессийы   бауромыны  æрдгæй æмæ  ноджы иу хатт Бæлвырд кæнæм  нæ иузæрдыгдзинад гуырдиаг адæмимæ æмæ Гуырдзыстоны  фидæнимæ.

Уый гуырдзиаг адæмæн нысаниуæгджын 12  мæйы  уыд, уый нымæцы  Гуырдзыстоны  историон æнтыст –  Евроцæдисы  кандидаты  статус.  Иннæ  цалдæр  мæйы  скуыддзаггæнæг уыдзысты,   цæмæй  ацы  фадат реалон суа.  Америк1йы Иугонд Штаттæ   адарддæр кæндзæн гуырдзиаг адæмы  евроатлантикон  фидæнæн  хъæддых фарсхæцын.  Сидæм гуырдзиаг лидæртæм, саразæт къахдзæфтæ, цæмæй Гуырдзыстон размæ рацæуа, раст æрдæмадæй.

Гуырдзиæгтæн ацы нвсаниуæгджын бон æз ноджы иу хатт бæлвырд кæнын АИШ-ы хъæддых хæсист, баххуыс уа  Гуырдзыстонæн  сараза æдас, дидинæфтыд европаг  демократи, кæцы  йæ æмбæстæгты  стыр фылдæры хайы  фæнды æмæ кæцыйы аккаг сты афтæ тыхджын», –  дзырдæуы  Блинкены  фидиуæны, кæцыйы  публикаци кæны паддзахадон департамент.