Энтони Блинкен – АИШ йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн
Кремл æнæмæнгæй хъуамæ сыххæст кæна 2008 азы æхст фæурæды фæдыл бадзырдæй йæхимæ цы хæстæ райста уыдон, – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Энтони Блинкен фыссы социалон хызаджы.
«Абон Уæрæсейы Гуырдзыстонмæ лæбурдæй 14 азы сæр у. Кремл æнæмæнгæй хъуамæ сыххæст кæна 2008 азы æхст фæурæды фæдыл бадзырдæй йæхимæ цы хæстæ райста уыдон. Иугонд Штаттæ йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн», – банысан кодта Энтони Блинкен. \