Энтони Блинкен - АИШ-æ Гуырдзыстонимæ стратегион партнерады æнæцудгæ  иузæрдыг у
Энтони Блинкен - АИШ-æ Гуырдзыстонимæ стратегион партнерады æнæцудгæ иузæрдыг у

АИШ-ы паддзахадон нымæрдар, Энтони Блинкен Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министр, Илиа Дарчиашвилийæн арфæ кæны  æддагполитикон уагдоны къухдариуæггæнæджы  постыл ыснысан.  Информаци уый фæдыл  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрад хъусын кæны.

Уагдоны  хъусинагæй,   паддзахадон нымæрдары арфæйы фыстæджы  Блинкен банысан кодта, ома  АИШ-æ Гуырдзыстонимæ  стратегион партнерады æнæцудгæ  иузæрдыг у.

Уыимæ,  Энтони Блинкен  банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны хæдбарад ногæй  рацаразыны бонæй, АИШ йæ фарс хцы Гуырдзыстоны демократон, сабырадон, евро-атлантикон æмæ æнтыстджын  фидæнмæ  тырнындзщинадæн.  АИШ  Гуырдзыстонæн йæ фарсмæ лæуудзæн демократон институттæ  стынг кæныны,  экономикæйы   диверсификацийы æмæ    конфликттæалыг кæныны  процессы» – фыссы Блинкен.

Фыстæджы атæдæр банысангонд у, цæмæй 30 азон ахастыты  дæргъы, Америкæйы Иугонд Штаттæ  æмæ Гуырдзыстон иумæ куыстой  глобалон  æдасдзинады фарсхæцынæн, уый нымæцы Афгъанистаны æмæ  Иугонд Нациты Организайыи фæлгæтты.

«Ацы æрдгæй,  бæрзонд аргъ кæнæм Гуырдзыстоны хицауады тыхархайдæн   глобалон æмæ  регионон  æмвæзадыл, сæрмагондæй та  Кремлы  агрессийы  фоныл. АИШ  фауы  Уæрæсейы оккупацион архæйдтæ Гуырдзыстоны æмæ дарддæр кæны  Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ территорион  æнæхъæндзинадæн фарсхæцын  йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты» –  банысангонд у  Энтони Блинкены,  Илиа  Дарчиашивлимæ æрвыст арфæйы фыстæджы.

АИШ-ы паддзахадон  нымæрдар  йæ  сидты  афтæдæр  ныхас кæны  Уæрæсе Украинайы  цы  агресси æххæст  кæны уый фæдыл, æмæ Украинайæн   æхсæнадæмон æмгарады фарсхæцыны  нысаниуæгыл.

Илиа Дарчиашвилимæ æрвыст фыстæджы  АИШ-ы   падзахадон нымæрдар  фыссы, цæмæй  АИШ-æ  Гуырдзыстонимæ   стартегион партнерады иузæрдыг у.

«Арфæ уын  кæнын   фæсарæн хъуыддæгты  министры бынатыл снысан. Фæнды мæ  бауырнын уæ кæнон   цæмæй АИШ Гуырдзыстонимæ стратегион партнерады æнæцудгæ иузæрдыг у» – дзырдæуы  фыстæджы.