Йенс Столтенбергы дзырдæй, алы архайд уый амонæг у, æмæ Уæрæсе дарддæр кæны йæхи цæттæ кæнын Украинамæ егъаумасштабон ныббырсынмæ
НАТО-ы генерало н нымæрдар Йенс Столтенбергы дзырдæй, алы архйд уый амонæг у, æмæ Уæрæсе дарддæр кæны йæхи цæттæ кæнын Украинамæ егъаумаштабон ныббырсынмæ. «CNN»-ыинформацийæ, Столтенберг хъусын кæны цæмæй зæгъгæ бырстыл нæзагъд ракæнын æрæгмæ никуы вæййы.
«Мæскуы, Украинайы сусæг дестабилизацийæ гом æфсæддон архæйдтытæм рывнæлдта. Уый Уæрæсейы æрдгæй серьозон эскалаци у æмæ æхсæнадæмон абарды гуырымыхъхъ хæлд. НАТО скуыддзаггæнæг æмæ æмуд у сæрмагонд æмцæдисонты хъахъыныны Фæстаг къуыриты дæргъы æмцæдисонтæ уæлæмхасæй 1000 æфсæддоны арвыстой альянсы хурыскæсæн хаймæ æмæ ноджы фылдæр та цæттæйæ сты.
Махæн 100-йæ фылдæр хæдтæхæг сты хæцынмæ цæттæ æмæ 10-æй фылдæр нау, денджызы суанг цæгатæй Зæххастæу денджызы онг» – райхъусын кодта альянсы генералон нымæрдар.