Йенс Столтенберг – Украина хæсты критикон фазæмæ хизы, нæ иудзинад æмæ солидарондзинад серьозон фæлварæны раз слæуудзысты
Йенс Столтенбергы фидиуæнæй, зæгхгæ Украинайы хæст критикон фазæмæ хизы æмæ зымæг уыдзæн фæлварæн Украинайы фарсхæцджытæн дæр.
Медиайы информацийæ фæнысангонды фæдыл НАТО-ы генералон нымæрдар, «Файнешныл Таймсы» публикацигонд статийы ныффыста.
«Украинайы хæст критикон фазæмæ хизы. Зымæг æрцæуы æмæ уыдзæн тынг зын. Уыдзæн зын украинаг адæмæн æмæ гарзджын тыхтæн, кæцытæ хæцынц сæ сæрибардзинады тыххæй æмæ мах тыххæй, чи сын æххуыс кæнæм. Нæ иудзинад æмæ солидарондзинад серьозон фæлварæны раз æрлæуудзæн, уымæн æмæ бинонтæ æмæ бизнес æнкъарынц Уæрæсейы æбуалгъ бырстæй расайгæ энергетикæйы æргъты æмæ цардуагон хардзты виппайды рæзт», – фыссы Столтенберг.
Столтенберг банысан кодта, цæмæй гæнæн ис уа тынг вазыгджын æхсæз мæйы, электроэнерги раиу кæныны, куылымпыдзинæдты æмæ гæнæн ис мидзмæстыты тасимæ.
«Украинайы фидæны æмæ нæ фидæнæн, хъуамæ бацæттæ кæнæм нæхи зымæджы хæстмæ, баззайæм нæ фæндагыл æмæ йæ ныхмæ слæууæм тиранийæн. Кæд Уæрæсе ныууадздзæн хæцын, уæд уыдзæн сабырдзинад. Кæд Украина ныууадздзæн хæцын, уæд фæтар уыдзæн, куыд хæдбар паддзахад. Мах хæсджын стæм баххуыс сын кæнæм, ацы хæдбар демократийæн Европæйы Центры», – райхъусын кодта НАТО-ы генералон нымæрдар.