Йенс Столтенберг – Украина хæсты  критикон фазæмæ хизы, нæ иудзинад æмæ солидарондзинад серьозон фæлварæны раз слæуудзысты
Йенс Столтенберг – Украина хæсты критикон фазæмæ хизы, нæ иудзинад æмæ солидарондзинад серьозон фæлварæны раз слæуудзысты

Йенс Столтенбергы  фидиуæнæй,  зæгхгæ Украинайы  хæст критикон фазæмæ хизы  æмæ   зымæг  уыдзæн  фæлварæн   Украинайы  фарсхæцджытæн дæр.

Медиайы  информацийæ фæнысангонды фæдыл  НАТО-ы генералон нымæрдар, «Файнешныл Таймсы»  публикацигонд   статийы ныффыста.

«Украинайы  хæст критикон  фазæмæ  хизы.  Зымæг  æрцæуы æмæ  уыдзæн тынг зын.  Уыдзæн зын украинаг адæмæн  æмæ  гарзджын  тыхтæн, кæцытæ хæцынц  сæ  сæрибардзинады тыххæй æмæ мах тыххæй, чи сын æххуыс кæнæм.  Нæ иудзинад  æмæ солидарондзинад  серьозон  фæлварæны раз æрлæуудзæн, уымæн æмæ бинонтæ æмæ бизнес   æнкъарынц  Уæрæсейы   æбуалгъ бырстæй  расайгæ  энергетикæйы æргъты æмæ  цардуагон хардзты  виппайды  рæзт», – фыссы Столтенберг.

Столтенберг  банысан кодта, цæмæй   гæнæн ис уа тынг вазыгджын æхсæз мæйы,  электроэнерги раиу кæныны,  куылымпыдзинæдты æмæ  гæнæн ис мидзмæстыты   тасимæ.

«Украинайы фидæны æмæ нæ  фидæнæн,  хъуамæ  бацæттæ кæнæм нæхи  зымæджы хæстмæ, баззайæм нæ фæндагыл æмæ  йæ  ныхмæ слæууæм тиранийæн.  Кæд  Уæрæсе ныууадздзæн хæцын, уæд уыдзæн сабырдзинад. Кæд Украина  ныууадздзæн хæцын, уæд фæтар уыдзæн, куыд хæдбар паддзахад. Мах  хæсджын стæм  баххуыс сын кæнæм, ацы хæдбар демократийæн  Европæйы  Центры», –   райхъусын кодта НАТО-ы генералон нымæрдар.