Йенс Столтенберг - Уæрæсейы  агрессивон  архайдты дзуаппæн,НАТО  йæ  фарс  рахæцыд  æввахс  партнертæн  Гуырдзыстон, æмæ Украинæйæн
Йенс Столтенберг - Уæрæсейы агрессивон архайдты дзуаппæн,НАТО йæ фарс рахæцыд æввахс партнертæн Гуырдзыстон, æмæ Украинæйæн

Уæрæсейы  агрессивон  архайдты дзуаппæн,НАТО  йæ  фарс  рахæцыд  æввахс  партнертæн  Гуырдзыстон, æмæ Украинæйæн –  ацы  фидиуæн,  НАТО-йы генералон нымæрдар  Йенс Столтенберг  АИШ-ы  КОнргессы  дзырдæй ралæуды рæстæджы  сарызта.

Йенс Столтенбергы  ралæуд   ЦÆгат-атлантикон  альянсы  70 азы  юбилейы нывонд уыд.

«Уæрæсейы  агрессивон   архайдты дзуаппæн  мах сæ фарс рахæцыдыстæм   хæстæг партнертæн, Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн, суверенон нацитæн,  кæцытæм ис  суверенон бар,  сæхæдæг сывзарой  сæ  фæндаг» – рйхъусын кодта  Конгрессы   дзырдæй  ралæуды рæстæджы  Йенс Столтенберг.

НАТО-йы генералон нымæрдары ацы  фидиуæн, залы аплодисменттæй  амбæлдысты.

Стлтенберг  йæ  раныхасы,  Уæрæсейы  кой  цалдæр хатт ракодта.

«2014 азы  Уæрæсе   æнæлегалонæй   анексий  скодта Хъырымы.  Фыццаг  хаат, Дыуккаг  Дунеон хæсты фæстæ, Европæйы  иу  паддзахад, иннæ бæстæйы  хай  йæхи бакодта.  Мах уынæм  Уæрæсæейы   архæйдты  дæнцæгтæ.  Уыдон  æфсæддон  уæвынад рæзын кæнынц  Арктикæйæ   Зæххастæу Денджызы онг   æмæ Сау Денджызæй  Балтийбылы онг; æфсæддон   агентæй  пайда кæнынц  Иугонд Паддзахады;  Асады  мæлæтхæссæг   режимæн æххуыс,  æнæфæуромгæ  кибер-бырстытæ  НАТО-йы  æмцæдисонтæм æмæ  партнертæм,  кæцыты  нысан у  алцыппæт,  райдайгæ  парламенттæй æмæ  электсранцæты онг,  уæззау дезинформацион   кампанитæ æмæ  демократитæм хифæкæнын» -райхъусын кодта НАТО-йы   генералон нымæрдар.