Йенс Столтенберг - Уæрæсейæ домæм, фæстæмæ ахæсса Абхаз æмæ «Хуссар Ирыстоны» регионты хæдбарад банымады фæдыл уынаффæ æмæ акæна йæ æфсад уырдгæй
Уæрæсейæ домæм, фæстæмæ ахæсса Абхаз æмæ «Хуссар Ирыстоны» регионты хæдбарад банымады фæдыл уынаффæ æмæ акæна йæ æфсад уырдгæй – уый фæдыл НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг Брюсселы, Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариаимæ фембæлды фæстæ пресс-конференцийыл загъта.
Столтенберг фæныхас кодта темæтыл, кæцытыл Гахариамæ фембæлды рæстæджы ныхас кодтой.
«Нæ фембæлды рæстæджы фæныхас кодтам Гуырдзыстоны æмæ НАТО-йы æхсæн æнгом æмкуыстдзинадыл Сау Денджызы æдасдзинады æрдгæй. Цæугæ азы райдайæны æмцæдисонтæ æрныхас кодтой партнерад ноджы фылдæр фæтынг кæныныл. Уый æххæссы уæлдæфон змæлды радарты бæрæггæнæнты базæ кæрæдзийæн зонгæ кæнын, киберæдасдзинадыл иумæйагæй куыстмæ, афтæдæр иуæймаг ахуыртæ ауадзын Сау Денджызы регионы.
НАТО æнцой дары Гуырдзыстоны территоритон æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн æхсæнадæмонæй нымад арæнты. Уæрæсейæ домæм фæстæмæ ахæсса ахæсса Абхаз æмæ «Хуссар Ирыстоны» регионты хæдбарад банымады фæдыл уынаффæ æмæ акæна йæ æфсад уырдгæй.
Райгонд стæм Гуырдзыстоны прогрессæй реформæты сæххæсты æрдæм. Уæ бæстæйæн ныридæгæн ис диссаджы прогресс гарзджын тыхты модернизацийы æмæ демократийы фæтынг кæныны æрдгæй. Нæ æрвитæггаг у ахæм, адарддæр кæнут алы фадæттæй æххæстæй пайда кæнын НАТО-имæ æрыввахсы тыххæй æмæ уæнгæй суæвынмæ уæхи бацæттæ кæнынæн.
Хъуыды кæнæм, цæмæй æвзæрстытæ уыдзæн бæрзонддæр стандарттæм æмбæлон. Уый æнæмæнгхъæугæ у Гуырдзыстон æмæ НАТО-йæн дæр. Гуырдзыстонимæ НАТО-ы партнерады руаджы нæм алкæмæ æфты фылдæр æдасдзинад» – хъусын кæны Йенс Столтенберг.