Йенс Столтенберг – Уæрæсе нæ хъавы нæйы зæгъын Украинайыл æххæст контрол сфидар кæныныл, æнæмæнгхъæугæ у, ныгуылæны бæстæтæм уа Украинайæн дæргъвæтин æххуысы план
НАТО-ы генералон нымæрдар Йенс Столтенбергы дзырдæй, Уæрæсе нæ хъавы, нæйы зæгъын йæ сæйраг нысаныл – Украинайы æххæст контролыл, уый тыххæй хъæуы цæмæй ныгуылæны бæстæтæн уа Украинайæн фарсхæцыны дæргъвæтин план.
«ВВС»-имæ интервьюйы, Столтекнберг банысан кодта,ц æмæй Украинайы æфсады æнтыстытæ ма хъуамæ фæзынын кæнæт мæнг æнхъæлцытæ Кмевы цырд уæлахиздлзинады фæдыл.
«Украинайы гарзджын тыхьæ цалдæр мæйы дæргъы æххæст кодтой контрбырсæнцыд, фæлæ мах афæтæдæр зонæм, цæмæй Уæрæсе ауагъдта мобилизаци æмæ баххæст кодта æфсæддæтты рæнхъытæ. Мобилизацигондтæй бирæтæ ацытæккæ ахуыр кæнынц. Уый æппæт та нын уый амонгæ у, цæмæй уыдон цæттæ кæнынц хæст адарддæр кæнынмæ æмæ гæнæн ис, ног бырстытæ бафæлварынмæ дæр» – хъусын кæны СТОлтенберг æмæ банысан кодта, ома Украинайы сырæзт уавæр, ныгуылæны æфсæддон æххуыс домы.
«Кæд нæ фæнды, цæмæй сабырадон бадзырд бафидар кæна уавæр, ома Украина фæуæлахиз уа, куыд Европæйы суверенон, хæдбар, демократон паддзахад, кæд æнæмæнгæй хъуамæ сифтонг кæнын Украинайæн æххуыс. Уый нымæцы æфсæддон æххуыс, уымæн æмæ уый у иунæг фæрæз, бауырнын кæнай Уæрæсейы, бадзырдты фынгыл рабадын æмæ банымайæт Украина Европæйы суверенон, хæдбар падзахадæй» – хъусын кæны Йенс Столтенберг.