Йенс Столтенберг – Уæрæсе цæттæ у, сыхæгты ныхмæ спайда кæна æфсæддон тыхæй, уый дæнц сты Гуырдзыстон æмæ Украинæ
Уæрæсе цæттæ у, сыхаг паддзахадты ныхмæ æфсæддон тыхæй спайда кæна, уый дæнцæй сты Гуырдзыстонимæ историон хæст æмæ Украинæйы цæугæ конфликт.
Уый фæдыл НАТО-ы генералон нымæрдар «Дойче Велле»-имæ эксклюзивон интервьюйы райхъусын кодта.
Æххæст версий, «Дойче Веллейы» эфиры фидæн куырийы æрцæудзæн лæвæрд, уæдмæ та медиафæрæзы вебфарсыл интервьюйы хай æрцыд публикацигонд.
«Мæскуымæ афтæдæр æрвыст сты йæ æфсæдтæ Молдовæйы, Молдовæйы хицауадæй æвварстæй», – банысан кодта Столтенберг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ай у Уæрæсейы архæйдтыты схемæ, кæцыйы уый бирæ аз у кæй æххæст кæны æмæ кæцымæ æнæмæнгæй хъуамæ æрцæуа лæвæрд дзуапп.
Интервьюйы Йенс Столтенберг афтæдæр мæстыдзинад расидтис Уæрæсейы ног æфсæддон фæрæзты тыххæй. Уый банысан кодта, цæмæй Мæскуы стыр инвестицитæ æвæры нырыккон гæрзты, уый нымæцы атомон арсеналы.
«Мах Уæрæсейы архæйдтытæн кæсæнгомау дзуапп нæ дæттæм. Танкъæн – танкъæй, ракетæйæн – ракетæйæ, кæнæ атомон хæцæнгарзæн – атомон хæцæнгарзæй. Фæлæ цæй зæгъын æй хъæуы, НАТО-йы адаптир кæнын хъуамæ бахъом уæм, Уæрæсе стыр инвестицитæ куыд æвæры ног, нырыккон хæцæнгарзы бакуысыны къабазы уæд та фылдæр хъуамæ ахъуыды кæнæм дзуаппыл», – расидтис Йенс Столтенберг.
Ацы рæстæджы цæгататлантикон альянсы генералон нымæрдар банысан кодта, цæмæй НАТО-ы Уæрæсеимæ ахастыты фæхуыздæр кæнын æмæ тынггонд уавæры æрынымæг кæнын фæнды. «Нæ нæ фхъæуы ног «уазал хæст». Нæ нæ хъæуынц тагъд-тагъд хæцæнгарзы аразын æмæ нæ дæр Уæрæсейы изоляци ницæмæн хъæуы», – райхъусын кодта Стонлтенберг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, альянс хъахъъхæнынады æмæ диалогы æхсæн баланс агурæг у.