Йенс Столтенберг - Сау денджызы фæфылдæр кодтам нæ минæварад, уымæн æмæ Сау денджыз НАТО-йæ стратегионæй нысаниуæгджын у
Мах райрæзын кодтам Сау Денджызы регионы нæ минæварад, уымæн æмæ Сау денджыз у НАТО-йæн стратегионæй нысаниуæгджын – уый фæдыл НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг НАТО-йы хъахъхъæнынады министериалы фыццаг боны фæуды фæстæ прессконференцийыл райхъусын кодта.
Йенс Столтенберг куыд банысан кодта афтæмæй, Сау денджызы æртæ бæстæ, Турк, Румыни æмæ Болгари сты НАТО-йы уæнгтæ, афтæма ацы регионы ис дыууæ тынг хæстæг партнер бæстæ – Гуырдзыстон æмæ Украина.
«Федтам Хъырымы æнæзаконон анекси æмæ федтам Уæрæсейы агрессивон архæйдтæ Сау денджызы регионы. Райрæзын кодта нæ минæварад ацы регионы сурзæххыл, уæлдæф æмæ денджызы, афтæма иудадзыгæй аргъ кæнæм, цæмæй ма ноджы цæй саразын у нæ бон, хайгай минæварады нымæц фæфылдæрæй, афтæма бахъуажды цауы, тыхты цырдæй арвитыны фадæттæ рæзын кæнынæй. Ай у уый цæй тыххæй дæр нæ хъæуы нæ тыхты бæрзонд æмвæзадыл цæттæдзинад» – райхъусын кодта Столтенберг.