Йенс Столтенберг -  Райын Финляндийы æмæ Швецийы, НАТО-йы  уæнгтæй суæвыны фæдыл куырдиатæй, алы æмцæдисон разы у, НАТО-ы ауæрæхы нысаниуæгы фæдыл
Йенс Столтенберг - Райын Финляндийы æмæ Швецийы, НАТО-йы уæнгтæй суæвыны фæдыл куырдиатæй, алы æмцæдисон разы у, НАТО-ы ауæрæхы нысаниуæгы фæдыл

НАТО-ы  Швецийы  минæвар  Аксел  Вернофф  æмæ Финляндийы  минæвар Клаус  Корхонен  Йенс Столтенбергмæ сæ бæстæты НАТО-йы  уæнг суæвыны  фæндоны  фæдыл   куырдиæттæ алæвæрдтой.

НАТО-ы генералон  нымæрдар  Йенс Столтенберг райхъусын кодта, цæмæй райы Финляндийы æмæ Швецийы  НАТО-йы   уæнгæй суæвыны  фæдыл курдиатæй.

«Ай у тынг дзæбæх бон нæ  æдасдзинадæн ацы  критикон    моменты. Арфæгæнæг  дæн Финлянди æмæ Швецийæн НАТО-йы  уæнгсуæвыны  фæндоны  фæдыл  куырдиат бавдисыны тыххæй.  Алы бæстæмæ ис бар, сæхæдæг  сывзарой  сæрмагонд фæндаг.  Сымах, дыууæдæр бæстæ  сарызта  уе взæрст, демократон  процессты  фæдфæдонæй  æмæ  райгонд дæн  Финлянди æмæ  Швецийы  НАТО-йы  уæнгсуæвыны  фæдыл куырдиаты  тыххæй.  Сымах стут нæ  хæстæг партрнертæ,  НАТО-йы  уæ уæнгсуæвын  стынг кæндзæн нæ иумæаг  æдасдзинад. Уæ абоны  куырдиæттæ  историон  къахдзæфтæ  сты.

Ныр та  æмцæдисонтæ сбæрæг кæндзысты   уæнгсуæвыны  фæндагыл уæ дарддæр ы къахдзæфтæ.

НАТО-йы  алы  уæнгы æдасдзинады  интерестæ  зардыл бадарын хъæуы  æмæ цæттæ стæм,  бакусæм  алы  фарстайыл   уый тыххæй, цæмæй  нын уа  цырд фæстиуæг.  Алы æмцæдисон  разы у, НАТО-йы ауæрæхы  нысаниуæгыимæ.  Разы стæм цæмæй  иумæ хъуамæ  лæууæм   æмæ  разы стæм, цæмæй ай у историон момент,  кæцыйæ хъуамæ спайда кæнæм» –  банысан кодта Йенс Столтенберг.