Йенс Столтенберг - Президент Путин хъуыды дæр куы акæна ахæм исты ракæнын НАТО-йы уæнг бæстæты ныхмæ, цавæрдæр Уæрæсе Гуырдзыстоны, Молдовæ кæнæ Украинайы ныхмæ ракодта, уæд НАТО æнæаргъæвгæйæ баиу уыдзæн процесстæм
Президент Путин хъуыды дæр куы акæна ахæм исты ракæнын НАТО-йы уæнг бæстæты ныхмæ, цавæрдæр Уæрæсе Гуырдзыстоны, Молдовæ кæнæ Украинайы ныхмæ ракодта, уæд НАТО æнæаргъæвгæйæ баиу уыдзæн процесстæм, – уый фæдыл фидиуæн НАТО-йы Генералон нымæрдар Йенс Столтенберг Норвегийы, сакъадах Утоямæ визиты рæстæджы райхъусы кодта.
Столтенберг Украинайы цæугæ хæстон архæйдтытæ Дыккаг Дунеон Хæсты фæстæ, Европæйæн сегасдæр тæссаг моментæй схуыдта.
«Президент Путин хъуыды дæр куы акæна ахæм исты ракæнын НАТО-йы уæнг бæстæты ныхмæ, цавæрдæр Уæрæсе Гуырдзыстоны, Молдовæ кæнæ Украинайы ныхмæ ракодта, уæд НАТО æнæаргъæвгæйæ баиу уыдзæн процесстæм», – райхъусын кодта Столтенберг.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Украинайы цы æрцыд, уый у æбуалгъ, фæлæ бирæ фыддæрдæр уыдаит хæст Уæрæсе æмæ НАТО-йы æхсæн куы райдыдтаит уæд.
«Нæ интерестæм цæуы уый, цæмæй Путины агрессивон политикæ æнтыстджын ма уа», – загъта Столтенберг.