Йенс Столтенберг - Ныр стæм Тбилисы, кæцыйæ бæрæг у, цас фидар сты нæ ахастытæ
Гуырдзыстон у тынг аргъджын æмæ зынаргъ хæлар НАТО-йæн – уый фæдыл НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг, райхъусын кодта Гуырдызстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ фембæлды рæстæджы. Йенс СТолтенберг куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдызстон зæгъгæ у НАТО-йы уникалон партнер, æмæ альянсы тынг райынц уыцы прогрессæй, кæцымæ Гуырдызстон æрцыд реформæтæ сæххæсты æрдгæй.
«Цытджын президент, æцæгæй дæр иттæг хорз у, ардæм кæй æрыздæхтæн æмæ та ногæй фембæлдыстæм Брюсселы фембæлды фæстæ. Ныр стæм Тбилисы, кæцы уый амоны цæмæй цас фидар æмæ куыд фбæрзонд æмвæзыл сты нæ партнерон ахастытæ.. Гуырдзыстон – тынг аргъджын æмæ зынаргъ хæлар у НАТО-йæн. Æз бацæудзынæнт ахуыргæнæн центрмæ, цы ран хъуамæ ацæуа нæ æмцæдисонты ахуыртæ, нæ партнертæ, æмæ НАТО æнæфæуромгæйæ æмкуыст кæндзæн сымахимæ, æмæ тынг райгонд стæм цæмæй ГУырдзыстон нысаниуæгджын хайад исы æдасдзинады бахъахъъæныны цæстæнгасæй. Нæ иумæйаг куыстæй мах фидар кæнæм НАТО-йы æдасдзинад, нæ æмцæдисонты æдасдзинад æмæ уый æппæт æмбæлон сты Гуырдзыстоны интерестæм, афтæдæр НАТО-йы. Гуырдзыстоны у уникалон партне НАТО-йæн æмæ райгонд стæм уыцы прогрессæй, кæцыйы æххæст кæнут реформæты æрдгæй. Гуырдзыстон аразы ацы къахдзæфтæ æмæ НАТО та фæлхатт кæны, цæмæй НАТО-йы дуар кæддæриддæр гом у Гуырдзыстонæн, нæ æмкуысткæнынадæн, нæ æмцæдисондзинадæн, уæнгйæй суæвынæн»- райхъусын кодта Йенс Столтенберг.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Бухаресты расидтæуыд цæмæй Гуырдзыстон суыдзæн НАТО-йы уæнгæй, æмæ уый ноджы иу хатт сбæлвырд ис НАТО-йы саммитыл ивгъуыд азы июлы.
«Гуырдзыстон фæцæуы уæнгдзинады æрдæм, мах афтæдæр нымадмæ исæм Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад, бæстæйы суверенитет, йæ ныхмæ стæм Хуссар ирыстоны æмæ Абхазы хæдбардзинадæн, æнцой дарæм Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн, æхсæнадæмон барадæй бæлвырд арæнты фæлгæтты. Кæддæриддæр мын æхсызгон у Тбилисмæ æрцæуын, Гуырдзыстон у иуæй-иу сеппæтæй рæсугъддæр бæстæ» – райхъусын кодта Йенс Столтенберг.