Йенс Столтенберг - НАТО-ы саммиты сæйраг сигнал уыдзæн æхуыс Гуырдзыстон æмæ æндæр æмцæдисонтæн, кæцытæ лæууынц уырыссаг хифæкæнды рискы раз
Кæд Украинайы ныхмæ уырыссаг агрессийæ, ома альянсы аргъджын æмæ биразон партнер бæстæмæ лæбурдæй, исты бамбæрстам, у уый цæмæй цас нысаниуæгджын у афоныл баххуыс кæнын. НАТО æххуыс кодта Украинайæн 2014 азы фæстæ æндæр æмæ æндæр амæлттæй, фæлæ фылдæр хуъамæ саразæм æндæр партнертæн, кæцытæ æнцонфæцæфгæнæн сты Уæрæсейæн сæ мид политикон хъуыддæгтæм хифæкæныны тасæй – уый фæдыл НАТО-ы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг, Гуырдзыстонæн фарсхæцыны фарстайыл ныхасы рæстæджы загъта.
Столтенбергы дзырдæй, зæгъгæ йæм ис æнхъæлц, цæмæй НАТО-йы плангонд саммитыл æрныхас кæндзысты политикон æмæ практикон æххуысы бæрц райрæзын кæныныл уыцы патрнертæн, кæцытæ лæууынц Уæрæсейы хифæкæныны рискы раз.
Йенс Столтенберг дзуры, цæмæй НАТО-йы фидæн саммиты сæйраг æрвитæггаг уыдзæн растдæр Гуырдзыстон æмæ æмæ ндæр æмцæдисонтæн æххуыс.
«Баххуыс кæндзыстæм сæ фадæттæ æмæ фæразондзинад фæхуыздæр кæныны. Гуырдзыстонæн нæ бон у, фæхуыздæр кæнæм æмгуыстад НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакеты фæлгæтты, уый нымæцы ахæм сферæты, цахæмдæр сты хъахъхъæд коммуникацитæ, ситуацийы анализ, киберæдасдзинад. Афтæма, Тбилисмæ хæстæг нын ис НАТО-йы ахуырæгæндон центр. Нæ бон у, фылдæр саразæм ацы æрдæм, нæ бон у баххуыс кæнæм Гуырдзыстоны киберæдасдзинад стынг кæныны æмæ фылдæр кадртæ рахицæн кæнæм НАТО-ы æмцæдисонон офистæм Гуырдзыстоны. Афтæмæй, ацы саммиты сæйраг æрвитæггаг уыдзæн æххуыс Гуырдзыстонæн æмæ æндæр æмцæдисонтæн, кæцытæ æгæр лæмæгъ сты Уæрæсейæ цæугæ тасы раз» – райхъусын кодта Йенс Столтенберг.