Йенс Столтенберг -  НАТО-ы саммиты сæйраг сигнал уыдзæн æхуыс Гуырдзыстон æмæ æндæр æмцæдисонтæн, кæцытæ лæууынц  уырыссаг хифæкæнды рискы раз
Йенс Столтенберг - НАТО-ы саммиты сæйраг сигнал уыдзæн æхуыс Гуырдзыстон æмæ æндæр æмцæдисонтæн, кæцытæ лæууынц уырыссаг хифæкæнды рискы раз

Кæд Украинайы   ныхмæ  уырыссаг агрессийæ,  ома  альянсы  аргъджын æмæ  биразон  партнер бæстæмæ  лæбурдæй,   исты бамбæрстам,  у уый цæмæй  цас  нысаниуæгджын у  афоныл баххуыс  кæнын.  НАТО æххуыс  кодта Украинайæн  2014 азы фæстæ  æндæр æмæ æндæр амæлттæй, фæлæ   фылдæр хуъамæ саразæм  æндæр партнертæн, кæцытæ  æнцонфæцæфгæнæн сты  Уæрæсейæн сæ мид политикон  хъуыддæгтæм хифæкæныны тасæй –  уый фæдыл НАТО-ы    генералон нымæрдар  Йенс Столтенберг, Гуырдзыстонæн фарсхæцыны фарстайыл  ныхасы рæстæджы  загъта.

Столтенбергы дзырдæй,  зæгъгæ йæм ис æнхъæлц, цæмæй НАТО-йы  плангонд саммитыл æрныхас кæндзысты  политикон æмæ практикон  æххуысы бæрц райрæзын кæныныл уыцы  патрнертæн, кæцытæ лæууынц  Уæрæсейы  хифæкæныны   рискы  раз.

Йенс Столтенберг дзуры, цæмæй НАТО-йы  фидæн саммиты  сæйраг æрвитæггаг уыдзæн растдæр Гуырдзыстон æмæ  æмæ ндæр æмцæдисонтæн æххуыс.

«Баххуыс кæндзыстæм сæ фадæттæ æмæ  фæразондзинад фæхуыздæр кæныны.  Гуырдзыстонæн нæ бон у,  фæхуыздæр кæнæм æмгуыстад НАТО-Гуырдзыстоны  архайадон пакеты фæлгæтты,  уый нымæцы   ахæм сферæты, цахæмдæр сты  хъахъхъæд коммуникацитæ, ситуацийы  анализ,  киберæдасдзинад. Афтæма, Тбилисмæ хæстæг нын ис  НАТО-йы  ахуырæгæндон центр. Нæ бон у, фылдæр  саразæм ацы æрдæм,  нæ бон у баххуыс кæнæм Гуырдзыстоны киберæдасдзинад  стынг кæныны æмæ фылдæр  кадртæ рахицæн кæнæм НАТО-ы  æмцæдисонон   офистæм  Гуырдзыстоны.  Афтæмæй, ацы  саммиты  сæйраг  æрвитæггаг  уыдзæн  æххуыс Гуырдзыстонæн æмæ æндæр æмцæдисонтæн, кæцытæ  æгæр лæмæгъ  сты  Уæрæсейæ  цæугæ  тасы  раз» –  райхъусын кодта  Йенс Столтенберг.