Йенс Столтенберг – НАТО-ы ауæрæхдæр кæнынæн алы æмцæдисоны разыдзинад хъæуы æмæ ацы уаг ивд нæ уыдзæн
НАТО-йы ауæрæх кæныны фæдыл уынаффæ рахæссынæн хæъуы алы æмцæдисоны разыдзинад, – уый фæдыл НАТО-йы генералон нымæрдар, Йенс Столтенберг Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы фарсты дзуаппæн загъта.
Бæрæг куыд у, афтæмæй, НАТО-ы рапарахаты стратеги «НАТО 2030» кæцы НАТО-ы генералон нымæрдары инциативæйæ, экспертты къорд æрцæттæ кодта, йæ хъуыдыйы дары рекомендаци, цæмæй НАТО-ы бæрæг уынаффæтæ рахæссыны рæстæджы консессус мауал хъуамæ бахъæуа.
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы фарстыл, баххæсдзæн æви нæ уый НАТО-мæ ног уæнг райсынмæ, Столтенберг дзуапп ратта, цæмæй альянсы ауæрæх æрмæстдæр алы æмцæдисоны разыдзинадæй æрцæудзæн.
«Консессус у нæ альянсæн йæ апп æмæ афтæ уыдзæн фидæны дæр. НАТО-ы ауæрæхы фæдыл уынаффæ райсынæн хъæуы, цæмæй æмцæдисонтæ иууылдæр разы уой. Мах тынгдæр кæнæм Гуырдзыстонæн æххуыс. Абоны фембæлдыл бирæ æмцæдисон сбæлвырд кодта, цæмæй агурынц амæлттæ уæлæмхасæй цы саразын у сæбон. Куыд НАТО-йы фæлгæтты, афтæ дыууæфарсон æххуысы фæлгæтты. Курæг сæ стæм, фылдæр архайæт Гуырдзыстонæн, абон мах цы ранæуæггонд архайадон пакет сбæлвырд кодтам, уый у инструмент, кæцыйы фæрцы Гуырдзыстонæн практиконæй æххуыс кæндзыстæм», – райхъусын кодта Столтенберг.