Йенс Столтенберг – НАТО-ы  ауæрæхдæр  кæнынæн алы æмцæдисоны  разыдзинад хъæуы  æмæ ацы  уаг ивд нæ уыдзæн
Йенс Столтенберг – НАТО-ы ауæрæхдæр кæнынæн алы æмцæдисоны разыдзинад хъæуы æмæ ацы уаг ивд нæ уыдзæн

НАТО-йы  ауæрæх кæныны  фæдыл уынаффæ рахæссынæн хæъуы  алы æмцæдисоны   разыдзинад, – уый фæдыл НАТО-йы   генералон  нымæрдар, Йенс Столтенберг  Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналы фарсты дзуаппæн  загъта.

Бæрæг куыд у, афтæмæй,  НАТО-ы  рапарахаты стратеги  «НАТО 2030» кæцы  НАТО-ы  генералон  нымæрдары  инциативæйæ, экспертты  къорд  æрцæттæ кодта,  йæ хъуыдыйы  дары  рекомендаци,  цæмæй  НАТО-ы  бæрæг  уынаффæтæ  рахæссыны рæстæджы   консессус  мауал хъуамæ бахъæуа.

Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналы  фарстыл,  баххæсдзæн æви нæ уый  НАТО-мæ ног уæнг  райсынмæ,   Столтенберг  дзуапп ратта, цæмæй   альянсы ауæрæх  æрмæстдæр алы  æмцæдисоны разыдзинадæй  æрцæудзæн.

«Консессус  у  нæ  альянсæн  йæ апп  æмæ  афтæ  уыдзæн  фидæны дæр.  НАТО-ы ауæрæхы  фæдыл уынаффæ райсынæн  хъæуы,  цæмæй  æмцæдисонтæ иууылдæр разы  уой.  Мах тынгдæр кæнæм  Гуырдзыстонæн æххуыс.   Абоны фембæлдыл  бирæ æмцæдисон  сбæлвырд кодта, цæмæй   агурынц амæлттæ уæлæмхасæй цы саразын у сæбон.  Куыд НАТО-йы  фæлгæтты, афтæ дыууæфарсон  æххуысы  фæлгæтты.  Курæг сæ  стæм, фылдæр архайæт Гуырдзыстонæн, абон  мах цы  ранæуæггонд архайадон пакет  сбæлвырд кодтам,  уый  у инструмент, кæцыйы фæрцы Гуырдзыстонæн  практиконæй  æххуыс кæндзыстæм», – райхъусын кодта Столтенберг.