Йенс Столтенберг – НАТО хъуамæ стынг кæна æмгуыстад Молдовæимæ, Гуырдзыстонимæ, Босни-Герцоговинæимæ, кæцытæм сеппæтæй фылдæр баххæссыд Уæрæсейы агресси
НАТО-ы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг хъусын кæны,ц æмæй альянс хъуамæ стынг кæна æмгуыстад куыд йæ партнертимæ – Молдовæ, Гуырдзыстон, Босни-Герцоговинаимæ,а фтæ æндæр æмхъуыдыджын бæстæтимæ.
НАТО-йы парламентон ассамблейыл дзырдæй ралæуды рæстæджы Стонтелнберг куыд райхъусын кодта афтæмæй, НАТО æмæ партнер бæстæтæ иуæймаг хъуамæ бахъом уæд быцæусидтæн.
«Хъуамæ стынг кæнæм æмгуыстад партнертимæ, кæцытæм сегасдæр фылдæр баххæссыд Уæрæсейы агресси, куыд Молдовæ, Гуырдзыстон æмæ БоснизГерцговинæ, афтæма Дунейы алы æмхъуыдыджын бæстæимæ Латинаг Америкæйæ Æвахс Скæсæны онг, Цæгат Африкæйæ Инди-Сабыр океаны регионы онг. Хъуамæ разы уæм æдасдзинады интерестимæ æмæ æмхуызон быцæусидты раз лæууæм. Нæ бон у æмæ хъуамæ бахъом уæм уыцы æртхъирæнтæн иуæймагæй, цæмæй бахъахъъхæнæм сæрибардзинад æфхæрды ныхмæ, бахъахъъхæнæм демократи тиранийæ æмæ нæхимæ ныууадзæм æхсæнадæмон сæрфадыл бындурæвæрд институттæ, кæцытæ фарн хæссынц мах алкæмæн дæр» – райхъусын кодта Столтенберг.