Йенс Столтенберг - НАТО æнхъæлмæ кæсы, ома Гуырдзыстон хъахъхъæндзæн демократон стандарттæ, кæцытыл фæстаг азты стыр куыст сыххæст кодта
НАТО æнхъæлмæ кæсы, ома Гуырдзыстон хъахъхъæндзæн демократон стандарттæ, кæцытыл фæстаг азты стыр куыст сыххæст кодта – уый фæдыл НАТО-ы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг, Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ фембæлды фæстæ загъта брифингы рæстæджы.
Йенс СТОлтенберг куыд банысан кодта афтæмæй, фембæлдыл ныхас уыд мид-реформæтыл æмæ афæдзон национ программæйы имплементацийы фарстатыл.
«Скуыддзаггæнæг у уый, æмæ расттæрхоны системæйы реформæйыл, мседийы сæрибардзинадыл æмæ æдасдзинады секторы бæрнондзинадыл куыст хъуамæ адарддæр уа. Афтæдæр уæ курæг стæм, бакусат оппозициимæ, цæмæй аскуыддзаг кæнат политикон æнæразыдзинад, фæкаддæр кæнат поляризацимæ цæуæг риторикæ æмæ архæйдтæ. НАТО æнхъæлмæ кæсы цæмæй Гуырдзыстоны хъахъхъæндзæн демократон стандарттæ, кæцыты фæстаг азты дæргъы бирæ куыста» – райхъусын кодта Йенс Столтенберг.