Йенс Столтенберг - мæнмæ гæсгæ раст нæ уыдзæн спекуляцитæ уый фæдыл, цы аууæлттæй суыдзæн Гуырдзыстон НАТО-йы уæнгæй
Мæ хъуыдымæ гæсгæ, æнæраст уыдзæн спекуляцитæ темæйыл, цæмæй цы уавæрæй ис гæнæн Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнг суæвын – уый фæдыл НАТО-йы генералон нымæдар Йенс Столтенберг фФыццаг Къаналимæ эксклюзивон интервьюйы Heritage International-ы æхсæнадæмон иртасæн центры къухдариуæггæнæджы позицийыл комментарийы рæстæджы расидтис. Heritage International-ы къухдариуæггæнæг Люк Къоффийы рекомендаци у, Гуырдзыстон суа НАТО-йы уæнг, оккупацигонд территоритыл 5-æм статийы рæстæгмæ скусын кæнын цухæй.
НАТО-йы генералон нымæрдар банысан кодта, цæмæй æрсидтис НАТО-йы уæнг паддзазадтæм, практикон æмвæзадыл райрæзын кæной Гуырдзыстонæн æххуыс.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, æнæраст уыдзæн спекуляцитæ темæйыл, цæмæй цы уавæрæй ис гæнæн Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнг суæвын. Нысаниуæгджын ку, цæмæй НАТО йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны цæугæ реформæтæн æмæ æххуыс кæны реформæты имплементацийы мпроцессы. НАТО Гуырдзыстонæн практикон æмæ политикон æмвæзадыл æххуыс кæны. Мах разы стæм, цæмæй уæнгсуæвыны фæндагыл Гуырдзыстонæн ис реалон прогресс. Ацы прогрессмæ Гуырдзыстон æрцыдис реформæты ауадзыны руаджы. Реформæтæ уыдис куыд хъахъхъæнынады – афтæ æндæр къабазаты дæр.
Мах адарддæр æнлдзыстæм Гуырдзыстонæн æнцой дарын æмæ æххуыс. Цæгат-Атлантикон совет уыдис Гуырдзыстоны.
Афтæдæр æз сидын НАТО-йы уæнг паддзахадтæм, цæмæй практикон æмвæзадыл Гуырдзыстонæн æххуысы бæрц райрæзын кæной. Уый нымæцы, ахуыры æмæ аргълæвæрды центры, кæцыйы мах иумæ бакодтам Гуырдзыстоны» – расидтис Йенс Столтенберг.