Йенс Столтенберг хъусын кæны, цæмæй НАТО-ы хъахъъхæнынады министериалыл, Украинайæн  фылдæр уæлдæфон хъахъхъæды системæтæ адæттыныл уынаффæ кæнынц
Йенс Столтенберг хъусын кæны, цæмæй НАТО-ы хъахъъхæнынады министериалыл, Украинайæн фылдæр уæлдæфон хъахъхъæды системæтæ адæттыныл уынаффæ кæнынц

НАТО-йы  хъахъхъæнынады министериалыл  Украинайæн фарасхæцын стынг кæныныл уынаффæ кæндзысты æмæ  сæйраг приоритет уыдзæн, фылдæр уæлдæфон  хъахъхъæд Украинайæн.  Уый фæдыл министериалы  размæ НАТО-ы  генералон нымæрдар Йенс Столтенберг  райхъусын кодта.

Йенс Столтенбергы дзырдæй,  зæгъæг министериалыл  афтæдæр æркæсдзысты НАТО-йы  бæстæты хæстæрмæг  æмæ   хæцæнгарзы фæстауæрц баххæст кæныны, уый нымæцы   хæцæнгарзы кондад  райрæзын кæныны фарста.

«Афтæма  æркæсдзыстæм нæ  хъахъхъæнынады æмæ  уромынхъомад.  Афтæма   куыд   баххæст кæнæм  нæ  фæстауæрцтæ, уымæн æмæ  æмцдисонтæ Украинайæн  æххуыс кæнынц  хæцæнгарз æмæ  ифтонггæрзтæй, НАТО-ы фæстауæрцты  хардзыл.  Уый у раст  къахдзæф фæлæ  мах  афтæдæр  хъуамæ  хъуыдымæ  кæнæм  цæмæй  куыд баххæст кæнæм фæстауæрцтæ» –  загъта НАТО-ы  генералон нымæрдар.

Уыимæ ма Столтенберг  фехъусын кодта, НАТО лæмбынæг йæ цæст кæй дары  Уæрæсейы  атомон  позицимæ æмæ банысан кодта, цæмæй  дзы фæфиппайдта исты ивддзинæдтæ Уæрæсейы  атомон   уавæрты, фæлæ  цæгататлантикон  альянс уыдзæн  хъусдардæй  æмæ мониторинг адарддæр кæндзæн.

«НАТО у  иргъæвон  альянс.  НАТО-йæн йæ нысан у  конфликтты æмæ  хæстæй хи аиуварс кæнын.  Уымæ мбæлгæ дæр,  тынг кæнæм  нæ  уромынхъомады фæрæзтæ, цæмæй   Уæрæсемæ дырыс сигнал  арвитæм,  цæттæ кæй стæм, бахъахъхъæнæм нæ алы  æмцæдисоны.  Цæй зæгъын æйхъæуы   фехъуыстам  спекуляцитæ  Украинайы ныллæг хъомысджын атомон хæцæнгарзæй  с пайдайы  фæдыл. Дырыс   загхтам Уæрæсейæн, цæмæй  уымæн уыдзæн уæззау  фæстиуджытæ йæхицæн Уæрæсейæн.  Зонынц, цæмæй  атомон хæсты   уæлахизгонд нæ вæййы  æмæ  уый  макуы хъуамæ райдайæт. Афтæма   нæ цæст дарæм  Уæрæсейы атомон позицитæм.  Уæрæсейы  атомон тыхты  позициты  ницы  ивддзинда фæфиппайдтам, фæлæ уыдзыстæм   хъусдардæй, адарддæр кæндзыстæм мониторинг, уымæн æмæ  атомон æртхъирæнтæ, атомон  риторикæ  æмæ  сусæг  æртхъирæнтæ Уæрæсейæ  у тæссаг  æмæ  æнæзонд» -загхта Столтенберг.