Йенс Столтенберг - хæстыты фылдæр æнхъæлмæкæсинаг рæстæгæй фылдæр аххæссынц, алкæй дæр нæ фæнды тагъд уа сабырдзинад, фæлæ кæд украинæгтæ хæцын куы ныууадзой, уæд сæ бæстæ фæтар уыдзæн
НАТО-йы генералон нымæрдары, Йенс Столтенбергы фидиуæнæй, Украинайы дæргъвæтин хæст у æнхъæлмæксинаг.
Цæгататлантикон альянсы къухдариуæггæнæгы дзырæдй, зæгъгæ даууаг нæу уый æмæ фæстагмæ Украина суыдзæн НАТО-йы уæнг.
«Хæстыты фылдæр æнхъæмæкæсинагæй фылдæр аххæссынц. Мах алкæй дæр фæнды сабырзинад тагъд куы æрлæууа, иу рæстæгонæй, хъуамæ æргомæй зæгъæм: кæд президент Зеленски æмæ украинæгтæ ныууадздзысты хæцын, уæд сæ бæстæ фæтар уыдзæн. Кæд президент Путин æмæ Уæрæсе æркалдзысты гæрзтæ, уæд нын сабырдзинад уыдзæн», – райхусын кодта Йенс Столтенберг.
Куыд фæбæрæг афтæмæй, июлы Вильнюсы уагъд НАТО-ы саммит, фæндаг фегом кæндзæн Украинайы æдасдзинады дæргъвæтин гарантиты, уырыссаг агресси фæуромыны нысанæн. Украина дзырд ратта, цæмæй фæхуыздæр кæндзæн хицауадон политикæ, кæцымæ хауынц тæрхонон æмæ экономикон реформæтæ, афтæма æргомдзинады фæхуыздæр кæнын дæр.