Йенс Столтенберг - Гуырдзыстонмæ ис алы хъæугæ инструмент йæхи бацæттæ кæна НАТО-йы уæнг суæвынмæ
Монтенгройы райстæй НАТО сбæлвырд кодта, цæмæй организаци гом дуары политикъæйы æмзæрдæ у, мах дарддæр кæнæм Гуырдзыстонæн фарсхæцын – уый фæдыл цæгататлантикон альянсы генералон нымæрдар, Йенс Столтенберг НАТО-Гуырдзыстоны камисы рабадты фæстæ, Фыццаг Канален загъта.
«Райгонд стæм Гуырдзыстоны донбылхъахъхъæды куыстимæ æмгуыстады фæтынгдæр кæнынæй, информацийы баивдæй. Сау Денджыз иттæг нысаниуæгджын у Гуырдзыстонæн афтæдæр, иттæг нысаниуæгджын у НАТО-йæн. Райрæзт Уæрæсейы æфсæддон контингенты нымæц Хъырымы, æмæ нæ фæнды НАТО дæр стыр бæрцæй уа бавдыст Сау Денджызы. Гом дуары политикæйы тыххæй та, зæгъдзынæн, цæмæй организаци фæнысангонд политикъæйæ иузæрдыг у. Мах дарддæр кæнæм Гуырдзыстонæн фарсхæцын. Гуырдзыстонмæ ис алы æнæмæнгхъæугæ инструмент НАТО—йы уæнгсуæвынмæ бацæттæ кæна йæхи. Фæнысан ис цæмæй Гуырдзыстоны тыхджындæр кæны демокративон институтты, закъоны иууылбæрзонддзинад, коррупциимæ тох æмæ мах ацы фæндагыл Гуырдзыстонæн йæ фарс хæцæм» – расидтис Столтенберг.