Йенс СТолтенберг – Гуырдзыстон никуы æрлæудзæн æвзæрсты раз, территорион æнæхъæндзинад æмæ НАТО-йы уæнгдзинады æхсæн
Гуырдзыстон никуы бауыдзæн тыхбын сывзара территорион æнæхъæндзинад æмæ NATO-ы уæнгдзинады æхсæн – ацы фидиуæн цæгат-атлантикон альянсы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг сарызта пресс-конференцийыл.
«Алы уæнг дæр разы сты ома Гуырдзыстон суыдзæн НАТО-йы уæнг æмæ мах æрныхас кодтам, цæмæй альянс æнцой дары Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн, æхсæнадæмонæй нымад арæнты фæлгæтты. Гуырдзыстон никуы æрлæудзæн æвзæрсты раз, территорион æнæхъæндзинад æмæ НАТО-йы уæнгдзинады æхсæн. Уый суыдзæн НАТО-йы уæнг, куыдæриддæр НАТО-йы алы домæнтæ æмæ стандарттæм æмбæлон бауа – афтæмæй. Мах бахуыс кæндзыстæм Гуырдзыстонæн демокративон реформæты сæххæсты хъуыддæджы» – райхъусын кодта Йенс СТолтенберг.
Уый афтæдæр фæныхас кодта Гуырдзыстон-НАТО-йы камисы рабадты фæдыл, кæцы Брюсселы ацæудзæн. Йенс Столтенбергы дзырдæй, Гуырдзыстон зæгъгæ у НАТО-йы нысаниуæгджын партнер.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, камисы рабадтыл альянсы æмæ Гуырдзыстоны æмкуысткæнынады фарстатæ æркæсдзысты. Столтенберг юахах кодта Сау Денджызы тыгъдады æдасдзинады нысаниуæг, сæрмагондæй та Уæрæсейы æрдгæй æфсæддон тыхы нымæц кæй фылдæр кæны уый.