Йенс Столтенберг - Европæйы флангтæ хъахъхъæнынц Евроцæдисы уæнгтæ чи не сты ахæм бæстæтæ - АИШ, Канадæ, Британи æмæ Турк
Европæйы флангтæ хъахъхъæнынц Евроцæдисы уæнгтæ чи не сты ахæм бæстæтæ – АИШ, Канадæ, Британи æмæ Турк – уый фæдыл НАТО-йы генералон нымæрдар, Йенс Столтенберг агентад «Франс Прессимæ» интервьюйы загъта.
Цæгат Атлантикон альянсы къухдариуæггæнæгы дзырдæй, Европæйы хъахъхъæдад, континенты стратегион автономимæ тырнынадыл нæ фæлæ æнгом трансатлантикон цæдистыл у баст.
«Нæ мæ уырны æрмæст Европæйы. Нæ мæ уырны æрмæст Цæгат Америкæйы. Уырны мæ æрмæстдæр Цæгат Америкæйы æмæ Европæйы иумæйаг стратегион солидарондзинад НАТО-йы. Нæ мæ уырны цæмæй искæцы бæстæйы кæнæ континентæн йæ бон у иунæгæй бахъом уа æдасдзинады æрдгæй быцæусидтæн, кæцытыл абон хæрхæмбæлд фæвæййæм. Цæдистæ фæлæмæгъ кæныны, Европæ æмæ Цæгат Америкæйы фæхицæнтæ кæныны кæцыфæнды архайд æнæрмæст лæмæгнъ кæны НАТО-йы фæлæ ма адих кæндзæн Европæ дæр» – загъта Йенс Столтенберг.
Еврокомисси æддаг хъуыддæгты æмæ хъахъхъæнынады индустрийы политикæйы «геополитикон кролы» райрæзын кæныны планыл уынаффæ кæны.