Йенс Столтенберг - æнхъæлмæ кæсын, цæмæй НАТО-ы лидертæ саммитыл ноджы иу хатт сбæлвырд кæндзысты Гуырдзыстон æмæ Украинайæн æххуысы дарддæр кæнын кæй хъавынц уый
Æнхъæлмæ кæсын, цæмæй НАТО-йы лидертæ ноджы иу хатт сбæлвырд кæндзысты Гуырдзыстоны æмæ Украинайы, ацы тынг аргъджын НАТО-йы партнер падздахадты, уæрæх фарсхæцыны адарддæр кæнын Брюсселы саммитыл дæр – уый фæдыл фидиуæн НАТО-йы генералон нымæрдар, Брюсселы лæвæрд пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
Фæнысангондæй Столтенберг дзуапп ратта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы фарстæн, уыдзæн æви нæ НАТО-йы саммиты боны фæткы бавдыст гом дуары политикæйы фарста.
«НАТО-ы гом дуары политикæ æнтыстджын уыд. Ацы политикæ баххуыс ис демократийы æмæ законы сæйрагдзинад ахæлиуæн Европæйы дыккаг дунеон хæсты фæуды фæстæ. НАТО-йы уæнгты нымæц уый фæстæ зæгъæн ис фæдывæр ис, 16-æй 32-ы онг. НАТО-йы дуар гом у æмæ уый демонстраци скодтам фæстаг цалдæр азы дæргъы дæр. Нырма Монтенегройы æмæ стæй Цæгат Македонийы НАТО-ы ног уæнгтæй куы райстам уымæй. Кусæм аспирант падзахадтимæ, Гуырдзыстон æмæ Украинаимæ. Не рвитæггаг у, цæмæй уыдон фокусиргонд хъуамæ уой реформæтыл, хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады институтты уыдон модернизаци хъуамæ скæной, уымæн æмæ нæ уырны, цæмæй уый у сеппæтæй хуыздæр фæндаг евро-атлантикон интеграцийы размæ рацæуынæн. Фæлæ сæхиæрдгæй реформæтæ дæр иттæг ахсджиаг нысан у æмæ сын мах æххуыс кæндзыстæм аспирант бæстæтæн æндæр æмæ æндæр программæтæй. Мах уый адарддæр кæндзыстæм. Æнхъæлмæ кæсын, цæмæй НАТО-йы лидертæ ноджы иу хатт сбæлвырд кæндзысты Гуырдзыстон æмæ Украинайы, ацы тынг аргъджын НАТО-йы партнер паддзахадтæн, уæрæхæй æххуыс кæй адарддæр кæндзысты Брюсселы НАТО-йы саммитыл дæр» – райхъусын кодта Йенс Столтенберг.
НАТО-йы саммит Брюсселы, 14-æм июны ацæудзæн.