Йенс Столтенберг – æмцæдисонтæ разы сты, цæмæй баххуыс кæнæм æндæр партнертæн дæр, Гуырдзыстоны цауы нæ бон у райрæзын кæнæм фарсхæцын НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакеты æрдгæй
Иттæг нысаниуæгджын у регионон партнерадæн баххуыс кæнын. Æрныхас кодтам, æмгуыстад стынг кæнын нæ партнертимæ, уымæн æмæ кризисæн ис глобалон масштаб – уый фæдыл НАТО-ы генералон нымæрдар, Йенс Столтенберг фæсарæн хуъыддæгты министериалы фæстæ прессконференцийыл райхъусын кодта.
«Кæй зæгъын æй хъæуы, æмцæдисонтæ æмæ партнертæ фауынц уыцы фыдракæндтæ, уыцы марындзинæдтæ, кæцыты федтам Украинайы, конкретонæй та Бучайы. Нысаниуæгджын у, цæмæй алы фыдгæнæг тæрхон лæвæрд æрцæуæд æмæ иттæг нысаниуæгджын у æхсæнадæмон æмвæзадыл райдайæт фæдагуырд», – райхъусын кодта Йенс Столтенберг.
Афтæма йæ дзырдæй, Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министр Дмитро Кулеба фембæлдис æмцæдисонтимæ.
«Æмцæдисонтæ, тынг активонæй кусынц æмæ сæм ис мотиваци, бирæ активондæр, дæргъвæтин бакусой, цæмæй баххуыс уæм æхсарджын украинæгтæн, хæцой сæ бæстæйы тыххæй, сæ æмбæстæгты сæрыл æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр, феддæдуар кæной уырыссаг æфсæддæ. Афтæма æмцæдисонтæ фылдæр кæнынц финансон æмæ гуманитарон æххуыс. Фæныхас кодтам киберæдадсзинады æрдгæй æххуысы фæдыл. Афтæма баххуыс уыдзыстæм Украинайæн, бахъахъхъæна йæхи химикон æмæ биологион æртхъирæнтæй. Æмцæдисонтæ æрныхас кодтой, цæмæй æндæр партнертæн дæр хъуамæ баххуыс уæм, сæ фæразндзинад стынг кæныны æмæ уымæ гæсгæ дæр лæвæрд сæ мæ уæд фадат, сæхи бахъахъхъæнын. Уый нымæцы Гуырдзыстон æмæ Босни-Герцоговина. Гуырдзыстоны цауы нæ бон у, райрæзын кæнæм фарсхæцын НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакеты æрдгæй. Дæнцæн, коммуникациты æрддæмадæй æмæ киберæдадсзинады æрдæмадæй. Босни æмæ Герцоговинæйы цауы та, нæ бон у иргъæвон фæрæзтæ райрæзын кæныны пакет бавдисын. Ис нын æххæст разыдзинад ацы æрдгæй», – райхъусын кодта Йенс Столтенберг.
НАТО-ы генералон нымæрдар банысан кодта, цæмæй НАТО-ы министериалыл сты Гуырдзыстоны, Финляндийы æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ, афтæма Автсрали, Япони, Ног Зеланди æмæ Корея.