Йенс Столтенберг – æмцæдисонтæ  разы сты, цæмæй  баххуыс кæнæм  æндæр партнертæн дæр, Гуырдзыстоны цауы нæ бон у райрæзын  кæнæм фарсхæцын НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакеты æрдгæй
Йенс Столтенберг – æмцæдисонтæ разы сты, цæмæй баххуыс кæнæм æндæр партнертæн дæр, Гуырдзыстоны цауы нæ бон у райрæзын кæнæм фарсхæцын НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакеты æрдгæй

Иттæг  нысаниуæгджын у  регионон партнерадæн баххуыс кæнын.  Æрныхас кодтам, æмгуыстад стынг кæнын  нæ  партнертимæ, уымæн æмæ  кризисæн ис   глобалон масштаб – уый фæдыл  НАТО-ы генералон нымæрдар, Йенс Столтенберг   фæсарæн хуъыддæгты  министериалы  фæстæ  прессконференцийыл райхъусын кодта.

«Кæй зæгъын æй хъæуы,  æмцæдисонтæ æмæ партнертæ   фауынц уыцы фыдракæндтæ, уыцы марындзинæдтæ, кæцыты федтам  Украинайы,  конкретонæй та  Бучайы.  Нысаниуæгджын у, цæмæй  алы  фыдгæнæг  тæрхон лæвæрд æрцæуæд æмæ  иттæг нысаниуæгджын у  æхсæнадæмон æмвæзадыл райдайæт   фæдагуырд», – райхъусын кодта Йенс Столтенберг.

Афтæма йæ  дзырдæй,  Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министр Дмитро Кулеба  фембæлдис æмцæдисонтимæ.

«Æмцæдисонтæ, тынг активонæй  кусынц æмæ  сæм ис мотиваци,  бирæ активондæр,  дæргъвæтин  бакусой, цæмæй  баххуыс уæм æхсарджын украинæгтæн, хæцой сæ бæстæйы тыххæй,  сæ æмбæстæгты сæрыл  æмæ уымæ  æмбæлгæйæ дæр, феддæдуар кæной  уырыссаг æфсæддæ.  Афтæма æмцæдисонтæ  фылдæр кæнынц  финансон  æмæ гуманитарон  æххуыс.  Фæныхас кодтам  киберæдадсзинады æрдгæй  æххуысы фæдыл.  Афтæма баххуыс уыдзыстæм  Украинайæн,  бахъахъхъæна йæхи  химикон æмæ  биологион  æртхъирæнтæй. Æмцæдисонтæ æрныхас кодтой, цæмæй   æндæр партнертæн  дæр хъуамæ баххуыс уæм, сæ фæразндзинад  стынг  кæныны  æмæ уымæ  гæсгæ дæр  лæвæрд сæ мæ уæд   фадат, сæхи  бахъахъхъæнын.  Уый нымæцы  Гуырдзыстон æмæ Босни-Герцоговина.  Гуырдзыстоны цауы  нæ бон у,  райрæзын кæнæм  фарсхæцын  НАТО-Гуырдзыстоны  архайадон   пакеты æрдгæй.  Дæнцæн,  коммуникациты æрддæмадæй  æмæ  киберæдадсзинады  æрдæмадæй.  Босни æмæ Герцоговинæйы  цауы та, нæ бон у   иргъæвон фæрæзтæ  райрæзын кæныны  пакет  бавдисын.  Ис нын  æххæст   разыдзинад ацы æрдгæй», –   райхъусын кодта  Йенс Столтенберг.

НАТО-ы генералон  нымæрдар банысан кодта, цæмæй  НАТО-ы министериалыл  сты  Гуырдзыстоны, Финляндийы  æмæ Евроцæдисы  минæвæрттæ, афтæма  Автсрали, Япони, Ног Зеланди æмæ Корея.