Йенс Столтенберг - Ацы аз нын уыдзæн ахуыртæ Гуырдзыстонимæ иумæ, уый уыдзæн демонстраци, куыд æнгом æмæ иумæйагæй кусæм уый фæдыл
НАТО-ы генералон нымæрдар Йенс Столтенбергы фидиуæнæй, зæгъгæ Брюсселы ацæугæ фембæлды рæстæджы æмцæдисонтæ равдыстой сæрмгаонд хъæддых фарсхæцын Гуырдзыстон æмæ Украинайы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн.
«Уыдис нын дзæбæх фембæлд дыууæдæр бæстæйы министртимæ Гуырдзыстон æмæ Украинаæйæ. Ацы фембæлдыл æмцæдисонтæ равдыстой сæрмагонд хъæддых фарсхæцын дыууæдæр бæстæйы суверенитет æмæ территоритон æнæхъæндзинадæн. Æмцæдисонтæ Гуырдзыстон æмæ Укрианайæн æндæр æмæ æндæр æрдæмадтæй æххуыс кæнынцу. Раст уый аразæм НАТО-ы фæлгæтты дæр, дыууæфраосн æххуысы, ахуырты, фадæттæ рапарахатæй æмæ цæугæ азы нын уыдзæн ахуыртæ Гуырдзытсонимæ иумæ, НАТО уыдзæн ацы ахуырты хайадисæг. Ахуырты ауадздзыстæм иумæ æмæ уый уыдзæн демонстраци, ома кусæм æнгом æмæ иумæйагæй» – райхъусын кодта Столтенберг.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Сау денджызы регион НАТО-йæн стратегионæй нысаниуæгджын у.
«Уым цы уавæр ис, махæн у иттæг нысаниуæгджын. АНТО-ы æртæ бæстæ Сау денджызы регионæй сты æмæ нын ис тынг хæстæг дууæ партнер – гуырдзыстоны æмæ Украина. Семæ æнгом æмгуыстад нын иттæг нысаниуæгджын у куыд махæн, афтæ партнертæн дæр, кæцы абон дырысæй сбæлвырд ис . Нæ позици Бухаресты саммиты уынаффæтæм гæсгæ нæ фæивдта. Ацытæккæ хуъсдард зхæдхт у реформæтæ, Гуырдзыстоны æмæ Украинайы хъахъъхæнынады æмæ æдасдзинады институтты модернизацимæ» – банысан кодта Йенс Столтенберг.