Эммануэль Макрон, Олаф Шольц æмæ Дональд Туск Гуырдзыстоны хицауадмæ сидынц «фæстаг рæстæджы райсгæ закъæттæ» санулир кæной
Францы президент Эммануэль Макрон, Германийы канцлер Олаф Шольц æмæ Польшæйы премьер-министр Дональд Туск иумæйаг расидæн рапарахат кодтой æмæ тыхстдзинад расидтысты Гуырдзыстоны уæвæг политикон уавæры тыххæй. Расидæн агентад «Reuters» парахат кæны.
Куыд афтæ хуынæг Веймары æртæкъуымоны форматы уæнгты рапарахатгонд расидæны ис фыст, цæмæй «Цалынмæ бæстæ реформæтæ нæ сæххæст кæна, уæдмæ Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ баиу кæныны фæдыл бадзырдты гомæн йæ фарс нæ рахæцдзысты».
«Кæд æмæ Гуырдзыстон нæ фæивдзæн йæ абоны цыд, нæ равдисдзæн реформæты æнкъарæн бафæлвæрдтæ æмæ сæрмагондæй – нæ санулир кæндзæн фæстаг рæстæджы райсгæ закъондæттынад, кæцы у европон аргъдзинæдты æмæ принципты ныхмæ, уæд нæ бон нæ уыдзæн æххуыс кæнын Гуырдзыстоны баиу кæныны фæдыл бадзырдтæ», – загътой уыдон. Веймары æртæкъуымоны форматы разамонджытæ.