Эмануэл Макрон – Украинайы хæсты фæуды фæстæ æдасдзинады гарантитæ Украина æмæ Уæрæсеимæ иумæ, хъуамæ ахæлиу уа Гуырдзыстоныл, Азербайджаныл, Молдовæ æмæ Сомихыстоныл дæр
Францы президент Эмануэл Макроны дзырдæй, зæгъгæ, Украинайы хæсты фæуды фæстæ æдасдзинады гарантитæ Украинайæн æмæ Уæрæсеимæ иумæ, хъуамæ ахæлиу уа Гуырдзыстоныл, Азербайджаныл, Молдовæ æмæ Сомихыстоныл дæр.
Уый фæдыл фидиуæн Францы президент «Уол Стриит Джорналимæ» интервьюйы сарызта.
«Гарантитыл куы ныхас кæнын, уæд дзурын ацы бæстæтыл иууылдæр, мах тыххæй æмæ Уæрæсейыл», – райхъусын кодта Макрон.
Францы лидеры дзырдæй, Европæйы æдасдзинады ног архитектурæ хъуамæ сифтонг кæна ацы регионы æмæ æппæт Европæйы стабилондзинад æмæ æдасдзинад.