Элтон Джон сбæлвырд кодта, Гуырдзыстоны концерттæм кæй цæттæ кæны уый

Элтон Джон  сбæлвырд кодта, Гуырдзыстоны  концерттæм кæй  цæттæ  кæны уый.Номдзыд бритайнаг зарæггæнæг  социалон  хызаг facebook-ы  йæ  официалон  веб-фарсыл, Caesars Palace-ы лæвæрд концертæй къам   равæрдта.

Музыкæархайæг  фыссы, цæмæй  Гуырдзыстонмæ абалц кæныны размæ,   цы ран  «Блек Си Аренæйыл»  йæ дыууæ  шоу  сты плангонд,  апрелыфæстæмæ  Caesars Palace-мæ  æрыздæхдзæн.

Элтон Джоны  концерттæ  Гуырдзыстоны  30  июнмæ æмæ фыццаг июлмæ «Блек Си Аренæйыл»   сты плангонд.

Легендарон  бритайнаг  зарæггæнæджы  концерттæ «Блек Си Аренæйыл»  2017 азы  16-17 сентябрьмæ  уыдысты плангонд, фæлæ   Элтон Джоны  къорды  кæцыдæр уæнгы  æнæниздзинады фæфыддæр тыххæй  æргъæвд æрцыдысты.