Элизбар Одикадзе Европæйы чемпионатыл бронзæ майдан рамбылдта – хъæбысæйхæст
Ромы цæугæ Европæйы чемпионатыл уæгъдибар хъæбысæйхæцæг Элизбар Одикадзе (97)кг бронзæ майдан рамбылдта.
Æртыккаг бынатæн ерысы, уый абырста азербайджайнаг Нурмаргомед Гаджиевы хыгъдæй 3:2.
Абон ерысмæ рахиздзысты ноджы дыууæ гуырдзиаг богал, дыууæ архайæг Дунейы чемпионтæ, Бека Ломтадзе (61кг) æмæ Гено Петриашвили (125 кг) сыгъзæрин майданæн, бронзæ майданæн та Ираклий Мцъитури схæцдзæн.
Репешажæй афтæдæр æртыккаг бынаты шанс ис Автандил Къенчъадзейæн. Финалон блокъ 20:30 сахатыл райдайдзæн.