Элизабет Дыккаг – Гарри, Меган æмæ Арчи, кæддæриддæр уыдзысты нæ уарзон бинонтæ
Иугонд Паддзахады Успаддзах Элизабет Дыккагы скуыддзагæй, Сассексы герцог æмæ усгерцог, амæй фстæмæ нал пайда кæндзысты паддзахон статусæй. Принц Гарри æмæ йæ бинойнагы, Маркли Меганы тыххæй, Успаддзах кой кæны йæ куырдиаты, кæцы цъус рæстæг размæ æрцыд публикацигонд.
«Бирæ мæйы дæргъы цæугæ ныхæсты æмæ фæстагрæстæгон уынаффæты фæстæ, райгонд дæн, цмæй иумæ ссардтам коснтруктивон æмæ æххуысы фæндаг мæ хъæбулы хъæбулы æмæ йæ бинонтæн.
Гарри, Меган æмæ Арчи кæддæриддæр уыдзысты мæ бинонты уарзон уæнгтæ. Нымадмæ исын уыцы быцæусидтытæ кæцытæ рацыдысты интенсивон цæстдарынады фæстиуæгæн фæстаг дыууæ азы дæргъы æмæ разы дæн сæ фæндонимæ, бирæ хæдбарæй дæр цæрой. Фæнды мæ бузныг сын зæгъон ацы бæстæйы, не æмгарады æмæ йæ фæлгæтты æддæйæ сæруæлдай куысты тыххæй æмæ сæрмагондæй, куыд тагъд ыссис Меган нæ бинонты уæнг. Мæ бинонтæ ныфсджын стæм цæмæй абоны уынаффæ сын ратдзæн фадат, амондджын æмæ сабыр цард аразын райдаынæн»- кæсæм Успаддзахы куырдиаты.