Экрем Имамогълу – Иу тыхæн дæр йæ бон нæу æмзæрдæдзинад æмæ ныфсы ныхмæ лæууын, мах тох кæнæм нæ сывæллæтты сæраппонд, рæстдзинад æмæ хуыздæр фидæны сæраппонд
«Солидарондзинад æмæ ныфсы ныхмæ иу тыхæн дæр йæ бон нæу лæууын» – ис фыст Стамбулы ахст мэр Экрем Имамогълуйы расидæны, кæцы йæ фарсыл социалон хызы X-ы рапарахат ис.
“Никæцы тыхæн йæ бон нæу лæууын солидарондзинад æмæ ныфсы ныхмæ. Мах тох кæнæм нæ сывæллæтты сæраппонд, барты сæраппонд, закъоны сæраппонд, рæстдзинады сæраппонд, хуыздæр фидæны сæраппонд” -ис фыст Имамогълуйы расидæны.
Стамбулы мэр дæр дзуапп радта йæ фарсхæцджыты демонстрацитæн.
“Знон изæр Турчы æрæмбырд сты сæдæгай стамбулæгтæ, цæмæй домой рæстдзинад æмæ демократи. Хуыздæр фидæнмæ иумæйаг фидар тырнындзинадæй иугонд наци суыдзæн æнæбауромгæ”, – дзырдæуы Стамбулы мэры расидæны.
Бæрæгдзырдæн, Стамбулы мэр Экрем Имамогълу, кæцы президент Эрдогъаны сæйраг политикон ныхмæлæууæгыл нымад у, йæ хæдзары 19-æм марты райсомæй æрцахстой. Йæ ныхмæ дыууæ хъуыддаджы фæдыл цæуы фæдагуырд. Экрем Имамогълу коррупцийы æмæ террористон къордæн фарсылхæцындзинады аххосджын кæнынц. Фæдагуырды фæлгæтты æнæхъæнæй 100 адæймагæй фылдæр æрцахстой.
Имамогълуйы ахсты фæстæ Стамбулы æмæ Анкарайы протесттæ сырæзтысты. Йæ ахстæй иу бон раздæр, Стамбулы университет сæйраг оппозицион Республикон Адæмон Партийы лидер Экрем Имамоглуйы диплом байста, кæцы нысан кæны, цæмæй президентон æвзæрстыты хайад райсын йæ бон нал уыдзæн.