Экатерине Тъикъарадзе – маскæтæ куы нæ дарæм, социалон дистанци куы нæ хъахъхъæнæм, уæд сентбяры ахуыр райдайын гæнæ ис рискъы раз æрлæууа
Нæхи афтæ куы дарæм, абон куыд кæнæм, уæд гæнæн ис сентябры ахуыр райдын рискъы раз æрлæууа – уый фæдыл æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзе координацион советы рабадты фæстæ загъта.
Министры дзырдæй, æмбæстæгтæ максималонæй хъуамæ æххæст кæной ф æтк, цæмæй ахуыр радайынæн проблемæтæ ма сæвзæра.
«Ацы этапыл ахуырмæ гæсгæ ивддзинæдтæ нæ пълан кæнæм. Нысаниуæгджын у, æмбæстæгтæ сæ зæрдыл дарой цæмæй алцыппæт уый баст у нæ уагахастыл. Абон маскæтæ нæ дарæм, нæ хъахъъæнæм социалон дистанци, уый та цæй зæгъын æй хъæуы бакæндзæн нæ уыцы уынафæты онг, æмæ гæнæн ис сентябры ахуыр райдайынæн уа рискъ. Растдæр уый тыххæй нæ æмбæстæгтæй хъæуы кронмæ мобилизаци, уый у иттæг нысаниуæгджын, цæмæй нæ сывæллæттæн раттæм фадат, æдæрсгæйæ, скъолаты «Ковидæй» сæрибар аууæлтты ахуыр кæной» – райхъусын кодта Экатерине Тъикъарадзе.
Гуырдзыстоны ахуыры процесс райдайын пъалнгонд у 15 сентябрмæ.