Экатерине Тъикъарадзе- абитуриенттæн фæлварæнтæ бынтон æдасæй ацæудзысты
Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министр, Экатерине Тъикъарадзейы куырдиатæй, зæгъгæ иууон националон фæлварæнтæ, абитуриенттæн ацæудзысты æдасæй.
«Интенсивон куыст кæнæм ахуырады министрадимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æххæст кæнынц рекомендацитæ, кæцыты сын мах дæттæм. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, фæлварæнтæ ацæудзысты æххæст æдасæй алы уыцы абитуриентæн, чидæриддæр ацы азь хъавынц фæлварæнты хайад райсын», – фехъусын кодта Экатерине Тъикъарадзе.
Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ, абоны эпидемиологион уавæрмæ гæсгæ, уый æнхъæл не сты, цæмæй ахуыры процесс гæнæн ис æргъæвд æрцæуа.
«Фæлæ кæй зæгъын æй хъæуы, æндæр бæстæты куыд цæттæ кæнынц сæхи – афтæ мах дæр, цæмæй куд ацытæккæ афтæ сентябры тыхбын уыдзыстæм ковидимæ цæрын, уымæ гæсгæ дæр, нæ хъæбулты дæр хъуамæ бацæттæ кæнæм ацы процессмæ, цæмæй сæ бон уа, æнæкуылымпыйæ ахуыр адарддæр кæнын», – райхъусын кодта Тъикъарадзе.
Афтæма, фарстыл, ныффыст уыдзæн æви нæ закъоны мидæг маскæ дарын, Тъикъарадзе дзуапп ратта, цæмæй эпидемиологион уавæрмæ цæстдаргæйæ, гæнæн ис, пандемиимæ тохы эффективон закъондæттæн ивддзинад, фæлæ ацы конкретон ивдыл, ныр тæккæ консультацитæ нæ цæуынц.