Экатерине Тъикъарадзе – 60 аздзыдæй хистæрдæр кары æмбæстæгтæн вакцинæ максималонæй куы саразæм, уæд госпиталтæ дæр байдзаг уыдзысты леталондзинад дæр бæрзонд уыдзæн
Уыдис нын бирæ фембæлдтæ регионты фыццагон æнæнизхъахъхъæды дохтыртимæ. Уыдонмæ лæвæрд сты амындтæ, цæмæй цахæм хъуамæ уа сæ коммуникаци цæрджытимæ. Афтæдæр бæлвырдæй зонæм, кæцы регионы æмæ кæцы фадыгыл нын ис ныллæг активондзинад, – уый фæдыл æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзе фехуъсын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ фæнысангонд амындтæй архайынц фыццагон æнæнизхъахъхъæды дохтыртæ.
«Нысаниуæгджын у сæ активизацийы фæрцы райрæзын кæнæм вакцинацийы темп. Афтæма хъуамæ банысан кæнон, цæмæй 60 азæй уæлдæр кары цæрджыты тынг чысыл хай у вакцинацигонд. Махæн критикон у растдæр ацы кары цæрджыты вакцинаци, уымæн æмæ растдæр ацы къорды ис госпитализацийы бæрзонд бæрæггæнæн, реанимацион хайады хоскæнын æмæ леталондзинад. Кæд ацы къорды вакцинацийы максималон бæрæггæнæн нæ уыдзæн фæдылдзог уылæны периоды дæр, нæкæсгæ уымæ, цы уавæр нæм уыдзæн абаргæйæ æвзонгдæр къорды, уæддæр нын уыдзæн едзаг госпиталтæ æмæ бæрзонд леталондзинады бæрæггæнæн. Абоны бонмæ 60 аздзыдæй хистæрдæр кары цæрджыты æхсæн вакцинацийы бæрæггæнæн у æрмæстдæр 21%, кæцы æцæгдæр тынг ныллæг у», – фехъусын кодта Тъикъарадзе.