Эгзитполтæм гæсгæйæ, Азербайджаны  æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстыты  хицаугæнæг парти фылдæры  бынæттæ  самал  кæндзæн
Эгзитполтæм гæсгæйæ, Азербайджаны æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстыты хицаугæнæг парти фылдæры бынæттæ самал кæндзæн

Эгзитполтæм гæсгæйæ,  Азербайджаны   æмгъуыдагъоммæ  парламентон æвзæрстыты   хицаугæнæг  парти    фылдæры хай  æрымбырд кæндзæн. Информаци  хуъсын кæны бынæттон  медиа.

«Oracle Advisory Group»-ы  уагъд   рафарстмæ гæсгæйæ, Ильхам Алиевы  парти   «Ног Азербайджан»  125  бынатджын  Мили Меджлисы   63 бынат самал кæндзæн, кæцы  нырыккон    мандаттæй  æхсæзæй  къаддæр у.

Уй  фыццаг  парламентон æвзæрстытæ сты, ивгъуыд азы   Азербайджан   æфсæддон архæйдтыты фæстиуæгæн йæхимæ  куы æрыздахта Карабахы  территори.

Агентад «Ройтер» куыд фыссы  афтæмæй, фыццаг хатт  15 азы  дæргъы  æвзæрстыты  хайад иста  оппозицион  парти «Мусават»,  кæцы  уæдмæ  æвзæрстытæн бойкот  сидтис.   Нырма бæрæг нæу, самал кæндзæн æви нæ уый  бынæттæ   парламенты.