Кинорежиссер Эльдар Шенгелая йæ цардæй ахицæн 92 азы кары, уый фæдыл Нато Вачнадзейы фонд расидтис.
Эльдар Шенгелая уæлдæр ахуырад райста кинорежиссеры æппæтцæдисон паддзахадон кинематографийы институты. 1957-1959 азты куыста киностуди «Мосфильм»-ы. 1960 азы ацыд Гуырдзыстоны киностудимæ. Йæ дебютон киноныв систа 1963 азы Тамаз Мелиаваимæ. «Урс караван» æвдисы фыййæутты уæззау цард.
Эльдар Шенгелайайы кинонывтæй ранымайын хъæуы ахæмтæ: «Легенда о ледяном сердце», «Митын дæсны ус», «Урс караван», «Микела» (роман в киноальманах «Ивгъуыды сыфтæртæ»), «Æнахуыр равдыст», «Шерекилеби», «Саманишвилийы дыккаг мад», «Уæларвгъуыз хæхтæ кæнæ Æнæуырнæг хабар», «Экспресс-информаци», «Dog Rose», «ХЪалдзандзæн», «Цъасс».
Райста Гуырдзыстоны Ленины комсомолы преми, Фæллойы Сырх Тырысайы орден, ССР Цæдисы паддзахадон преми, Шота Руставелийы преми, Сыгъдæг Георгийы Уæлахизы орден, Сыгъдæг Георгийы Сызгъæрин орден æмæ Тбилисы кадджын æмбæстаджы ном.