Израилы  хицауад  æмбæстæгтæн   æхсæнгарз дарыны  фæдыл регуляцитæ   рогдæр кæны
Израилы хицауад æмбæстæгтæн æхсæнгарз дарыны фæдыл регуляцитæ рогдæр кæны

Израилы   хицауад  æмбæстæгтæн   æхсæнгарз дарыны фæдыл регуляцитæ рогдæр кæны, фæстаг бонты   бæстæйы   гарзджын бырстытæ  куы фæарæз сты, уый фæстæ.   Министрты  кабинеты  нымайынц, ома  хуымæтæг  æмбæстæгтæн семæ  æхсæнгарз  куы  уа уæд сын  хи иргъæвын  фенцондæр уыдзæн.

Ног мадзæлттæ   афтæма сæ хъуыдыйы  дарынц   бырсджыты бинонты  уæнгтæн  цæрыны  æмæ  социалон хъахъхъæды  бартæ  байсын.  Деталтыл  министрты  кабинет  абон фæуынаффæ кæндзæн.

Бырстыты фæстæ  премьер-министр  Биньямин Нетаньяху  карз æмæ цырд  реагиркæныны фæдыл дзырд ратта.   Афтæма   райрæздзæни   Израилы  æфсады  сконд  цæугæдон Иорданы  ныгуылæн донбылыл.

Йерусалемы  27 æмæ 28  январы   дыууæ бырст æрцыд. Фыццаг  цауы   гарзджын   уæнг  хурыскæсæн    Йерусалемы  Синагогайы  цур  æмбæстæгты фехста, кæцыйы фæстиуæгæн авд адæймаг амард. Бырсæг  ликвидацигонд у.  Знон та   13 аздзыд   æнахъом  дыууæ  адæймагы фæцæф кодта.   Уый нейтрализаци скодтой дзуаппон æхсты фæстиуæгæн  æмæ ныр   рынчындоны уæвы.