Израилы æфсад – «Хамасы» быдырон камандыгæнæг, Хамед Ахмад ал-Ходар ликвидацигонд у
Израилы æфсады хъусын кæнынц, цæмæй зæгъгæ уыдон бахъом сты «Хамасы» иуæй-иу сæргълæууæг Хамед Ахмад ал Ходары ликвидаци скæнын. Израилы хицауад уыйы зылынджын кодта, ИРанæй райсгæ æхцайæ Гъазæйы секторы архайæг къордмæ алæвæрды.
«Хамед Ахмад ал-Ходар ликвидацигонд æрцыд, Израилы æфсады æмæ спецкуыстыты иуæймаг операцийы фæстиуæгæн»- дзырдæуы Израилы æфсады ахæлиугонд пресс-релизы.
Агентад «Ройтерсы» хъусинагæй, «Хамасы» быдырон камандыгæнæгы фæмард кодтой йæ автомобилмæ лæбурды рæстæджы.
Израилыæфсады информацийæ, 5 зæрдæвæрæны, бырс сæххæст 260 мысанмæ. Сæ нымæцы уыд радикалон къордты тунелтæ, æхсæнгарзы æвæрæнтæ æмæ кондадтæ æмæ уыцы бынæттæ, кæцæй дæр Израилы æрдæм ракетæтæ æхстой.
Палестинаг медиа хъусын кæны, цæмæй Израилы бырстыты рæстæджы, иуыл цъус 14 палестанг фæхъуыд. Сæ нымæцы сабырадонцæрджытæ.
Гъазæйы секторæй фехсгæ ракетæт амæттаг та фесты 3 израилаг.
Израилы æмæ Гъазæйы секторы æхсæн дыууæфарсон бырстытæ ацы рæстæгмæ дарддæр кæнынц.